Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Нымӕцтӕ 25:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Ӕмӕ дын мӕнӕ израилӕгтӕй иу ӕрбацыд ӕмӕ йе ’фсымӕртӕм, Моисей ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйы раз, уыдон Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ куыд куыдтой, афтӕ мидианаг сылгоймаджы куы ӕрбакӕнид.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Нымӕцтӕ 25:6
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕмӕ сӕм мидианаг сӕудӕджертӕ куы ӕрбаввахс сты, уӕд Йосефы донуатӕй систой ӕмӕ йӕ ӕвзисты ссӕдз шекелыл измаелӕгтӕн ауӕй кодтой, уыдон та йӕ аластой Мысырмӕ.


Хадад йӕ фӕсдзӕуинтимӕ араст ис Мидианӕй, ӕмӕ бахӕццӕ сты Паранмӕ. Уырдыгӕй ма семӕ ракодтой иу къорд лӕджы ӕмӕ ацыдысты фараонмӕ, Мысыры паддзахмӕ. Фараон Хададӕн радта хӕдзар ӕмӕ зӕххы хай, фӕкасти йӕм хӕлцӕй дӕр.


Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, сымахӕн фӕдзӕхста, цӕмӕй уыцы бон сау дарат ӕмӕ дзыназат, уӕ сӕрыхил алвынат ӕмӕ уӕ уӕлӕ сӕхъис скӕнат.


Уый тыххӕй Ӕз зӕхмӕ доны ’ртах нал ӕруагътон, ӕмӕ уалдзыгон къӕвдатӕ банцадысты. Хъахбай сылау дӕ цӕсгом фесӕфтай, ферох дӕ ис ӕфсарм!


Ӕмӕ-иу куыддӕр Йехуди чиныгӕй ӕртӕ-цыппар цӕджындзы бакаст, афтӕ-иу сӕ паддзах нымӕрдары кардӕй фӕлыг кодта ӕмӕ-иу сӕ къонайы арты баппӕрста, цалынмӕ тухгӕ чиныг иууылдӕр арты басыгъди, уӕдмӕ.


Ӕмӕ се ’лгъаг миты фӕстӕ ӕфсӕрмы фӕкӕнынц, мыййаг? Нӕ, ӕфсӕрмы кӕнын сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, къӕмдзӕстыгдзинад цы у, уый зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Уый тыххӕй дзыхъмард фӕуыдзысты, Мӕ азары бон афӕлдӕхдзысты зӕххыл, — зӕгъы Дунедарӕг.


Сауджынтӕ, Дунедарӕджы лӕггадгӕнджытӕ, Кувӕндоны бахизӕн ӕмӕ нывондхӕссӕны ’хсӕн дзыназӕнт, лӕгъстӕ кӕнӕнт: «О Дунедарӕг! Ныххатыр кӕн Дӕ адӕмӕн! Дӕ байзӕддаджы худинагӕй бахиз, цӕмӕй адӕмты ’хсӕн хынджылӕггаг ма фӕуой ӕмӕ, кӕм ис сӕ Хуыцау, зӕгъгӕ, мачи зӕгъа».


Аарон, Моисей йын куыд загъта, афтӕ бакодта: адӕмы астӕу балӕууыд, фӕлӕ уӕдмӕ адӕмыл рын сыстад. Аарон буд ссыгъта ӕмӕ адӕмы тӕригъӕд ссыгъдӕг кодта.


Ӕмӕ загътой моавӕгтӕ Мидианы хистӕртӕн: «Ацы бардз, гал быдыры кӕрдӕг куыд асӕрфы, афтӕ асӕрфдзӕн алцы нӕ алывӕрсты». Балак та, Ципоры фырт, уӕд Моавы паддзах уыд.


«Израилӕгты маст райс мидианӕгтӕй ӕмӕ уый фӕстӕ ацы дунейӕ ахицӕн уыдзынӕ».


Уыдон сты, сӕ худинаджы фынк кӕмӕн абухы, уыцы денджызы знӕт уылӕнтау, мыггагмӕйы саудалынг кӕмӕ кӕсы, уыцы дзӕгъӕл стъалытау.


Дунедарӕджы зӕд израилӕгтӕн уыдӕттӕ куы загъта, уӕд адӕм иууылдӕр хъӕрӕй ныккуыдтой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ