15 Чи фӕмард ис, уыцы мидианаг сылгоймаг та — Козби, йӕ фыд — Цур, мидианаг хӕдзарвӕндӕгтӕй иуы хистӕр.
Ӕмӕ загътой моавӕгтӕ Мидианы хистӕртӕн: «Ацы бардз, гал быдыры кӕрдӕг куыд асӕрфы, афтӕ асӕрфдзӕн алцы нӕ алывӕрсты». Балак та, Ципоры фырт, уӕд Моавы паддзах уыд.
Мидианаг сылгоймагимӕ чи фӕмард, уыцы израилаг хуынди Зимри, Салуйы фырт, Симеоны хӕдзарвӕндӕгтӕй иуы хистӕр.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта:
уымӕн ӕмӕ уын знаггад кӕнынц. Пеормӕ дӕр уыдоны аххосӕй бабӕллыдыстут ӕмӕ, Пеоры фыдӕй рын куы сыстад, уӕд цы сылгоймаг фӕмард ис, мидианӕгты фӕтӕджы чызг Козби, уый дӕр со хо уыди».
Мӕрдты ӕхсӕн — мидианӕгты фондз паддзахы: Еви, Рекем, Цур, Хур ӕмӕ Рева; Беоры фырт Балаам дӕр кардылӕфтыд фӕци.
ӕмӕ дӕлвӕзы иннӕ сахартӕ иууылдӕр, амораг паддзах Сигоны бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй (йӕ сӕйраг сахар уыди Хешбон). Сигоны ӕмӕ йӕ зӕххыл цӕрӕг йӕ дӕлбар мидианаг ӕлдӕртты — Еви, Рекем, Цур, Хур ӕмӕ Ревайы — басаста Моисей.
Израилӕгтӕ та раздӕрау Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кӕнын райдыдтой, ӕмӕ сӕ Дунедарӕг авд азы дӕргъы мидианӕгты дӕлбар бакодта.