Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Нымӕцтӕ 25:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Мидианаг сылгоймагимӕ чи фӕмард, уыцы израилаг хуынди Зимри, Салуйы фырт, Симеоны хӕдзарвӕндӕгтӕй иуы хистӕр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Нымӕцтӕ 25:14
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕмӕ сӕм мидианаг сӕудӕджертӕ куы ӕрбаввахс сты, уӕд Йосефы донуатӕй систой ӕмӕ йӕ ӕвзисты ссӕдз шекелыл измаелӕгтӕн ауӕй кодтой, уыдон та йӕ аластой Мысырмӕ.


Хадад йӕ фӕсдзӕуинтимӕ араст ис Мидианӕй, ӕмӕ бахӕццӕ сты Паранмӕ. Уырдыгӕй ма семӕ ракодтой иу къорд лӕджы ӕмӕ ацыдысты фараонмӕ, Мысыры паддзахмӕ. Фараон Хададӕн радта хӕдзар ӕмӕ зӕххы хай, фӕкасти йӕм хӕлцӕй дӕр.


Израилы хӕдзарвӕндӕгты разамонджытӕ: Рувимы байзӕддӕгтӕн — Зихрийы фырт Елиезер; Симеоны байзӕддӕгтӕн — Маахайы фырт Шефати;


Дунедарӕгӕн аргъуыц кӕнут, хъавгӕйӕ архайут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, раст тӕрхон никуы халы, никӕй хъулон кӕны ӕмӕ гӕртӕмттӕ нӕ исы».


Симеоны мыггагӕй хыгъд ӕрцыд фӕндзай фараст мин ӕртӕсӕдӕ адӕймаджы.


Уыцы фидыдмӕ гӕсгӕ Пинхас ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн мыггагмӕ лӕвӕрд цӕуы сауджыны ном, йӕ Хуыцауыл афтӕ ӕнувыд кӕй у ӕмӕ израилӕгты сӕ тӕригъӕдӕй кӕй фервӕзын кодта, уый тыххӕй».


Чи фӕмард ис, уыцы мидианаг сылгоймаг та — Козби, йӕ фыд — Цур, мидианаг хӕдзарвӕндӕгтӕй иуы хистӕр.


Уыдон — Симеоны хӕдзарвӕндӕгтӕ: дыууын дыууӕ мин дыууӕсӕдӕ.


Симеоны хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл; Левийы хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл; Иссахары хӕдзарвӕндагӕй — дыууадӕс миныл;


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ