12 Зӕгъ ын: Ӕз йемӕ аразын сабырдзинады фидыд.
Адӕм фыр цинӕй радысты, уылӕнтӕ кӕй ӕрсабыр сты, ууыл. Дунедарӕг та адӕмы бахӕццӕ кодта сӕ бӕллиццаг наулӕууӕнмӕ.
Уӕдӕ стауӕнт Дунедарӕджы Йӕ хорзӕхы тыххӕй, адӕмӕн цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй!
Хӕхтӕ сӕ бынатӕй фенкъуысдзысты, уӕлвӕзтӕ нырриздзысты, фӕлӕ дӕумӕ цы хорз зӕрдӕ дарын, уымӕн ивӕн нӕй, цы фарн дын балӕвар кодтон, уымӕн та — сӕфӕн. Уый дын зӕгъын Ӕз, уарзгӕ дӕ Чи кӕны, уыцы Дунедарӕг».
Ӕз семӕ сараздзынӕн фарны фидыд, сӕ зӕххӕй сын асурдзынӕн тугдзых сырдты, ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзысты тыгъд быдыры, ӕнӕмӕтӕй хуысдзысты хъӕдты.
Ӕз семӕ сараздзынӕн мыггагмӕйы фидыд, ӕмӕ сын уый фарн ӕрхӕсдзӕни. Сбирӕ сӕ кӕндзынӕн ӕмӕ сын сӕ астӕу мыггагмӕ сӕвӕрдзынӕн Мӕ Кувӕндон.
Фӕлӕ сымах уыцы фӕндагӕй азылдыстут, ӕмӕ бирӕты фӕрӕдийын кодтат, Ӕгъдауы домӕнтӕ нал ӕххӕст кӕнынц. Левиимӕ цы фидыд сарӕзтон, уый фехӕлдтат, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Мӕнӕ Ӕз ӕрвитын Мӕ фидиуӕджы, цӕмӕй Мын Мӕ развӕндаг слӕгъз кӕна. Ӕвиппайды Йӕ Кувӕндонмӕ ӕрцӕудзӕн, сымах кӕй агурут, уыцы Бардарӕг, кӕмӕ бӕллут, уыцы бадзырды Фидиуӕг. Мӕнӕ ныридӕгӕн ӕрбацӕуы, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Фӕлӕ уыцы бӕстӕйы цӕрӕг адӕм тыхджын сты, сӕ сахартӕ та стыр ӕмӕ бырухгӕд. Суанг ма дзы Анакы фӕдонтыл дӕр амбӕлдыстӕм.