20 Ӕркасти Балаам амалекӕгтӕм ӕмӕ загъта: «Адӕмты фыццаг — амалекӕгтӕ, фӕлӕ сӕ мыггаг дӕр нал баззайдзӕн».
Тимна уыд Исавы фырт Елифазы номылус. Елифазӕн ныййардта Амалекы. Уыдон — Исавӕн йӕ ус Адайӕ цы зӕнӕг рацыд, уыдоны зӕнӕг.
Адон ныццагътой, амалекӕгтӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны, ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ ныр дӕр ма цӕрынц уым.
Уыцы хабары фӕстӕ паддзах Ксеркс агагаг Хаммедатайы фырт Аманы скадджын кодта. Сбӕрзонд ис Аман, йӕ бадӕн иннӕ уӕздӕттӕй фӕуӕлдӕр.
Паддзах загъта, цӕмӕй афтӕ бакӕной. Уынаффӕ Шушаны цӕрджытӕн фехъусын кодтой. Аманы дӕс фырты мӕрдтӕ цӕджындзыл ауыгъд ӕрцыдысты.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Уыдӕттӕ зӕрдылдарынӕн ныффысс чиныджы, Йешуайӕн та зӕгъ, Ӕз амалекӕгтӕн арвы бын сӕ кой кӕй фесафдзынӕн, уый».
Загъта: «Мӕ къух сдардтон Дунедарӕджы бадӕнмӕ. Дунедарӕджы хӕст Амалекимӕ — мыггагмӕ».
Амалекӕгтӕ ӕрбабырстой Рефидиммӕ ӕмӕ схӕцыдысты израилӕгтимӕ.
Йаковы байзӕддаг хицау суыдзӕн, сахары ма чи баззади, уыдоны ныццӕгъддзӕн».
Мӕнӕ Киттимӕй ӕрбацӕуынц наутӕ ӕмӕ басӕтдзысты Ассири ӕмӕ Еверы зӕххытӕ, фӕлӕ сӕхӕдӕг дӕр царӕфтыд фӕуыдзысты!»
Сӕ къалиутӕй дон тӕдздзӕн, ӕмӕ донхъуаг никуы уыдзысты сӕ байзӕддӕгтӕ стыр доны был. Агагӕй фӕуӕлдӕр уыдзӕни сӕ паддзах, сбӕрзонд уыдзӕни йӕ паддзахад.
Куыддӕр-иу сӕ хуымтӕ байтыдтой, афтӕ та-иу сӕм мидианӕгтӕ, амалекӕгтӕ ӕмӕ скӕсӕны адӕмтӕ ӕрбабырстой,
Хӕцыди хъӕбатырӕй. Ныддӕрӕн кодта амалекаг лӕбурджыты ӕмӕ сын сӕ азарӕй фервӕзын кодта Израилы адӕмы.
Афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: „Нӕ Мӕ ферох, амалекӕгтӕ Израилӕн цы бакодтой, уый: Мысырӕй куы рацыди, уӕд ын йӕ фӕндагыл сӕвӕрдтой цӕлхдур.
Давид ӕмӕ йӕ адӕм ӕртыккаг бон Циклагмӕ бахӕццӕ сты. Уӕдмӕ амалекӕгтӕ бабырстой Негев ӕмӕ Циклагмӕ. Басастой Циклаг ӕмӕ йыл арт бафтыдтой,
Хур нӕма скасти, афтӕ сыл Давид йӕхи ныццавта ӕмӕ сӕ суанг изӕрмӕ цагъта. Ничи йын дзы аирвӕзти удӕгасӕй, ӕрмӕст цыппарсӕдӕ лӕппуйы теуатыл абадтысты ӕмӕ алыгъдысты.