Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Нымӕцтӕ 23:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Ӕмӕ загъта Балаам йӕ ныхас: «Арамӕй мӕ ӕрбакодта Балак, скӕсӕны хӕхтӕй мӕ ӕрбакодта Моавы паддзах: „Ӕрцу ӕмӕ мын мӕ курдиат сӕххӕст кӕн: Йаковы ралгъит, ӕрцу ӕмӕ Израилы бабын кӕн!“

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Нымӕцтӕ 23:7
31 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Симы байзӕддӕгтӕ: Елам, Ассир, Арфахсад, Луд, Арам. Алкӕмӕй дӕр дзы равзӕрди хицӕн адӕмыхатт — йӕхи ӕвзаг ӕмӕ йӕхи зӕххы хайыл цӕрӕг знӕмтимӕ.


Фӕлтау ацу Паддан-Араммӕ, дӕ мады фыд Бетуелы хӕдзармӕ, ӕмӕ уым дӕ мады ’фсымӕр Лаваны чызджытӕй искӕй ракур.


Йаков байхъуыста йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадмӕ ӕмӕ араст ис Паддан-Араммӕ.


фидистӕ кодта израилӕгтӕн, ӕмӕ йӕ Йонатан, Давиды ӕфсымӕр Шимайы фырт, амардта.


Уый дӕле — Елеазар, Додойы фырт, Ахохийы байзӕддаг, Давидимӕ филистимӕгтӕм тохмӕ цы ӕртӕ хӕстоны фӕсидти, уыдонӕй иу. Израилӕгтӕ уӕд фӕтасыдысты, сӕхи фӕфӕстӕмӕ кодтой,


Ӕмӕ кодта дарддӕр Иов йӕ ныхас:


Ӕмӕ Иов дарддӕр кодта йӕ ныхас:


«Ӕрӕмбырд мӕм кӕнут Мӕ сыгъдӕджыты, нывонды уӕлхъус Мемӕ фидыд чи сарӕзта, уыдоны!»


Мӕргътӕн холыйӕн радтой Дӕ цагъарты мӕрдтӕ, хъӕддаг сырдтӕн — Дӕ сыгъдӕджыты буӕрттӕ.


Сырддонцъиу куыд апӕррӕст кӕны ӕмӕ зӕрватыкк куыд атӕхы, афтӕ дзӕгъӕл ӕлгъыст дӕр дӕ рӕзты ацӕудзӕн.


«Адӕймаджы фырт! Израилӕгтӕн зӕгъ уыци-уыци, радзур сын ӕмбисонд.


Уӕд ӕз загътон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Уайдзӕф мын кӕнынц, ай нын ӕмбисӕндтӕй цы дзуры, зӕгъгӕ».


Уыцы бон адӕмӕн хынджылӕггаг суыдзыстут, додой кӕндзыстут ӕмӕ дзурдзыстут: «Ныххӕлӕттаг нӕ кодтой! Мӕ адӕмы исбон мын уӕй кӕнынц! О, додой! Исынц мын мӕ исбон! Уацары нӕ чи райста, уыдонӕн нын байуӕрстой нӕ быдыртӕ!»


Фӕлӕ йыл уыдон сӕхи худӕгӕй хӕсдзысты ӕмӕ, хынджылӕггӕнгӕ, дзурдзысты: «Додой йӕ къона, искӕй фӕллӕйттӕ чи ссивы, тыхтонайы фӕрцы йӕ исбоныл чи ӕфтауы, уымӕн! Бирӕ ма дын бантысдзӕн?!»


мӕнӕ, дам, Мысырӕй рацӕуӕг адӕм зӕххӕн уӕз кӕнынц, ӕмӕ рацу, фелгъит мын сӕ, кӕд семӕ схӕцын мӕ бон суаид ӕмӕ сӕ атӕрин!»


Тынг дӕ скадджын кӕндзынӕн, цыдӕриддӕр мын зӕгъай, уый бакӕндзынӕн. Рацу ӕмӕ мын уыцы адӕмы ралгъит“».


Ӕмӕ загъта Балаам йӕ ныхас: «Сыст, Балак, ӕмӕ ӕрбайхъус, лӕмбынӕг ӕрбайхъус, Ципоры фырт!


Ӕмӕ йӕм раздӕхт, ӕмӕ мӕнӕ лӕууынц йӕ иууылсудзинаджы раз уый ӕмӕ Моавы ӕлдӕрттӕ иууылдӕр.


Ӕмӕ загъта йӕ ныхас: «Дзуры Балаам, Беоры фырт, цы уыдзӕн, уый развӕлгъау чи зоны, уыцы лӕг,


Ӕркасти Балаам кенӕгтӕм ӕмӕ загъта: «Фидар у дӕ цӕрӕн, къӕдзӕхыл — дӕ ахстон!


Загъта йӕ ныхас Балаам: «Оххай! Йӕ фӕнд куы сӕххӕст кӕна Хуыцау, уӕд ма удӕгасӕй чи баззайдзӕни?


ӕмӕ загъта: «Дзуры Балаам, Беоры фырт, цы уыдзӕн, уый развӕлгъау чи зоны,


Йесо ма сын ракодта ӕндӕр фӕсномыг ныхас дӕр: «Уӕларвон Паддзахад у, сылгоймаг ссады ӕртӕ сасирыл кӕй бафтыдта ӕмӕ хыссӕ ӕгасӕй дӕр кӕмӕй сӕнхъызт, уыцы ӕнхъизӕнау».


Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпары дзыхӕй цы загъдӕуыди, уый: «Дзурдзынӕн ӕмбисӕндтӕй, фехъусын кӕндзынӕн, дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ сусӕг цы уыдис, уый».


Йесо ӕмбисонд уыдоны тыххӕй кӕй ӕрхаста, уый бамбӕрстой ӕмӕ Йӕ хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты. Уымӕ гӕсгӕ Йӕ ныууагътой ӕмӕ ацыдысты.


уымӕн ӕмӕ уын уыдон, Мысырӕй куы рацыдыстут, уӕд фӕндагыл сӕ къӕбӕр ӕмӕ сӕ дон бахӕлӕг кодтой, стӕй ма уыимӕ Арам-Нахараимаг Петоры цӕрӕг Балаамы, Беоры фырты дӕр баххуырстой, цӕмӕй уӕ ралгъита.


Ноджы ма филистимаг загъта: «Фидиссаг уӕ кӕндзынӕн абон, Израилы ӕфсад! Рарвитут мӕм иу хӕстон, ӕмӕ лӕгӕй-лӕгмӕ рахӕцӕм».


Домбайы дӕр ӕмӕ-иу арсы дӕр амардта дӕ цагъар, ӕмӕ ацы ӕнӕсунӕт филистимаг дӕр ахӕрдзӕн уыдоны хал, уымӕн ӕмӕ фидис кӕны удӕгас Хуыцауы ӕфсадӕн».


Давид та филистимагӕн ахӕм дзуапп радта: «Ды мӕм кард, арц ӕмӕ ӕхсаргардимӕ рацыдтӕ, ӕз та дӕ ныхмӕ цӕуын Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, фаугӕ кӕй кодтай, уыцы израилаг ӕфсады Хуыцауы номимӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ