28 Балак Пеоры сӕрмӕ скодта Балаамы — уырдыгӕй ӕдзӕрӕг быдыр хорз зынди.
Фӕлӕ сӕ тыхсты Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой, ӕмӕ сӕ Уый фыдбылызӕй фервӕзын кодта.
Бамотӕй — Моавы быдырты, ӕдзӕрӕг быдыры чи зыны, уыцы Фасгайы хохы сӕрмӕ.
Балак загъта Балаамӕн: «Цом, ӕндӕр бынатмӕ дӕ акӕнон. Чи зоны, Хуыцауы зӕрдӕмӕ уый тынгдӕр фӕцӕуа, ӕмӕ мын сӕ уырдыгӕй ралгъитдзынӕ».
Загъта Балаам Балакӕн: «Сараз мын ацы ран авд нывондхӕссӕны ӕмӕ мын акусарт кӕн авд уӕныджы ӕмӕ авд фыры».
Ӕмӕ федта Балаам, Дунедарӕджы фӕндон кӕй у Израилӕн арфӕ кӕнын, ӕмӕ раздӕрау ӕвдисӕйнӕгтӕ нал агуырдта, фӕлӕ йе ’ргом ӕдзӕрӕг быдырмӕ аздӕхта.