38 Ӕмӕ загъта Балаам Балакӕн: «Мӕнӕ дӕм ӕрбацыдтӕн ныр, фӕлӕ мӕ бон дзурын у? Хуыцау мын мӕ дзыхы цы бафтауа, уый дзурдзынӕн».
Миха дзуапп радта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ӕрмӕстдӕр мын Дунедарӕг цы зӕгъа, уый дзурдзынӕн».
Паддзах ын загъта: «Ныр дӕм цалӕм хатт хатын, рӕстдзинад йеддӕмӕ мын мацы дзур, зӕгъгӕ! Цы дын загъта Дунедарӕг?»
Миха загъта: «Дунедарӕгӕй ард хӕрын, ӕрмӕстдӕр мын мӕ Хуыцау цы зӕгъа, уый дзурдзынӕн».
Дунедарӕгӕн кад кӕнут, Йӕ сыгъдӕджытӕ: Хуыцауы тас кӕй ис, уыдон хъуаг ницӕмӕй ӕййафынц.
Ау, Дунедарӕгӕй, хатыр цы у, уый ферох ис, ӕмӕ Йӕ маст никуыуал ссӕудзӕн?
Адӕймаджы зӕрдӕйы бирӕ фӕндтӕ ис, фӕлӕ, ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг цы сфӕнд кодта, уый сӕххӕст уыдзӕн.
Мӕнгпехуымпарты Ӕз багӕды кӕнын, дӕсныфӕрсджытӕй ӕдылытӕ аразын, куырыхонтӕн сӕ зонд сафын.
Исты ӕрцӕуинаг хабары тыххӕй дзӕвгар раздӕр фӕзӕгъын, ахӕм ӕмӕ ахӕм хабар ӕрцӕудзӕни, зӕгъгӕ. Ӕз кӕддӕриддӕр сӕххӕст кӕнын Мӕ фӕнд, Мӕ мидзӕрдӕйы цы фӕзӕгъын, уый.
Гъемӕ уӕдӕ кӕлӕнтӕ кӕн ӕмӕ дӕсны фӕрс, де ’взонгӕй нырмӕ уыцы куыстыл ахуыр дӕ. Чи зоны ӕмӕ дын исты ахъаз фӕуой, ӕмӕ дӕ исчи фӕтӕрса.
Балаам загъта Балакы дӕлдӕртӕн: «Балак мын йӕ хӕдзар куы ратта, сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй йемыдзагӕй, уӕд дӕр мӕ бон нӕ бауыдзӕн Дунедарӕджы, мӕ Хуыцауы, ныхасы сӕрты ахизын, Йе ’вастӕй чысыл кӕнӕ стыр исты саразын.
Ӕмӕ загъта Балак Балаамӕн: «Ӕз дӕм куы арвыстон, уӕд мӕм цӕуылнӕ цыдтӕ? Исты дын мӕ бон кад скӕнын нӕу?»
Ӕмӕ ацыди Балаам Балакимӕ ӕмӕ бацыдысты Кирйат-Хуцотмӕ.
Уый сын загъта: «Ацы ӕхсӕв ам лӕуут, ӕмӕ уын ӕз, Дунедарӕг мын цы зӕгъа, уый зӕгъдзынӕн». Ӕмӕ бахсӕвиуат кодтой Моавы уӕздӕттӕ Балааммӕ.
Ӕмӕ раргом кодта Дунедарӕг Йӕхи Балааммӕ, Йӕ ныхас ын йӕ комы бавӕрдта ӕмӕ йын загъта: «Аздӕх Балакмӕ ӕмӕ йын ӕй фехъусын кӕн».
Ӕмӕ Балаам дзуапп радта Балакӕн: «Афтӕ дын куы загътон, Дунедарӕг цыдӕриддӕр зӕгъа, уый бакӕндзынӕн, зӕгъгӕ».
„Балак мын йӕ хӕдзар куы ратта, сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй йемыдзагӕй, уӕд дӕр мын Дунедарӕджы ныхасы сӕрты ахизӕн нӕй — хорз дӕр ӕмӕ ӕвзӕр дӕр мӕхи фӕндӕй нӕ бакӕндзынӕн. Дунедарӕг цы зӕгъа, уый дзурдзынӕн“.