35 Ӕмӕ загъта Дунедарӕджы зӕд Балаамӕн: «Ацу ацы адӕмимӕ, фӕлӕ-иу дын Ӕз цы зӕгъон, ӕрмӕстдӕр уый дзур». Ӕмӕ ацыди Балаам Балакы уӕздӕттимӕ.
Миха загъта: «Дунедарӕгӕй ард хӕрын, ӕрмӕстдӕр мын мӕ Хуыцау цы зӕгъа, уый дзурдзынӕн».
Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи цӕры, уый ӕдас уыдзӕн, галиу фӕндӕгтыл чи цӕуы, уый та ӕвиппайды ’рхаудзӕн.
Фехъуыста Балак, Балаам ӕрбацӕуы, уый ӕмӕ йӕ размӕ рацыди Моавы сахармӕ, Арноны арӕныл чи ис, тӕккӕ арӕнгӕрон, уырдӕм.
Фӕлӕ Мӕн нӕ бафӕндыди Балаамы ӕлгъыстытӕм хъусын, ӕмӕ уын уый раарфӕ кодта, ӕмӕ уӕ Ӕз афтӕмӕй йе ’лгъысты азарӕй фервӕзын кодтон.