35 Ӕмӕ йын амардтой йӕхи, йӕ фыртты ӕмӕ йӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр, иуы дӕр дзы удӕгасӕй нал ныууагътой, ӕмӕ йын йӕ зӕхх сӕхи бакодтой.
Дунедарӕг израилӕгты цӕстыты раз кӕй ӕрцавта, уыцы зӕхх стурвосы зӕхх у, ӕмӕ дӕ цагъартӕм та ис рӕгъӕуттӕ».
Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттыл уӕлахиз кӕнӕм нӕ Бауарзӕджы хъаруйӕ.
Сеиры раздӕр цардысты хорӕгтӕ, фӕлӕ сӕ Исавы байзӕддӕгтӕ уырдыгӕй фӕсырдтой, ныццагътой сӕ ӕмӕ сӕ бынаты ӕрцардысты: израилӕгтӕ, Дунедарӕгӕй сын цы зӕхх лӕвӕрд уыди, уым куыд бакодтой, раст афтӕ.
Аморӕгты паддзӕхтӕ Сигон ӕмӕ Огӕн, стӕй сӕ бӕстӕйӕн куыд бакодта, афтӕ фесафдзӕн Дунедарӕг уыцы адӕмты дӕр.
Уый уыди Иорданы фале, Бет-Пеормӕ ӕввахс дӕлвӕзы, Хешбоны чи хицауиуӕг кодта, уыцы амораг паддзах Сигоны зӕххыл. Моисей ӕмӕ израилӕгтӕ Мысырӕй куы рацыдысты, уӕд ӕй басастой.
Йӕ бӕстӕ йын, стӕй ма йемӕ ноджы Башаны паддзах Огы бӕстӕ дӕр сӕхи бакодтой. Уыцы дыууӕ амораг паддзахы зӕххытӕ сӕхи айтыгътой Иорданӕй хурыскӕсӕнӕрдӕм,
ома Башаны паддзах Огы, рефаимты фӕстаг байзӕддаджы, бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй (йӕ сӕйраг сахартӕ уыдысты Аштарот ӕмӕ Едреи). Сигоны ӕмӕ Огы басаста Моисей, сӕ зӕххытӕ сын байста.
Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Сымах ӕфхӕрдтой мысырӕгтӕ, аморӕгтӕ, аммонӕгтӕ, филистимӕгтӕ,