Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Нымӕцтӕ 21:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Уырдыгӕй араст сты Беермӕ, Дунедарӕг Моисейӕн афтӕ кӕмӕй загъта, ӕрбамбырд кӕн адӕмы ӕмӕ сын Ӕз сын дон ратдзынӕн, уыцы Цъаймӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Нымӕцтӕ 21:16
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хуыцау байгом кодта Агары цӕстытӕ, ӕмӕ уӕд Агар федта цъай. Бацыди цъаймӕ, лалым байдзаг кодта ӕмӕ лӕппуйӕн йӕ дойны басаста.


Уым, къӕдзӕхыл, Хоревы хохыл, Ӕз ӕрлӕудзынӕн дӕ разы. Ды-иу дӕ лӕдзӕгӕй къӕдзӕх ныццӕв, ӕмӕ дзы дон ракӕлдзӕн. Уадз ӕмӕ адӕм нуазой». Моисей израилӕгты хистӕрты раз, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодта.


Ирвӕзындзинады суадӕттӕй цингӕнгӕ исдзыстут дон.


Адӕмы ӕрдиаг суанг бӕстӕйы арӕнты онг айзӕлы, Еглаим ӕмӕ Беер-Елимы сахартӕм хъуысы.


Кад Мын кӕндзысты тугдзых сырдтӕ, мӕрдтыбирӕгътӕ ӕмӕ страустӕ, уымӕн ӕмӕ сыгъд быдыртыл рауадздзынӕн цӕугӕдӕттӕ, цӕмӕй Ме ’взӕрст адӕмы бафсадон донӕй.


Нӕ мӕлдзысты стонг ӕмӕ дойныйӕ, хур дӕр сӕ нӕ судздзӕн. Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз тӕригъӕд кӕндзынӕн, хондзынӕн сӕ Мӕ фӕдыл ӕмӕ сӕ кӕндзынӕн суадӕтты цурмӕ.


«Райс мӕнӕ ацы лӕдзӕг, ӕмӕ де ’фсымӕр Ааронимӕ дзыллӕйы ӕрбамбырд кӕнут. Стӕй, иууылдӕр уӕ куыд уыной, афтӕмӕй къӕдзӕхӕн зӕгъут, дон ратт, зӕгъгӕ. Къӕдзӕхы хуылфӕй сын ды дон самал кӕндзынӕ сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ фосӕн дӕр».


Дивон-Гадӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Алмон-Дивлатаимы.


Йесо йын дзуапп радта: «Ды, Хуыцауы хорзӕх цы у, уый куы зонис, стӕй, „дон-ма Мын авӕр“ дын Чи зӕгъы, уый дӕр, уӕд Дзы дӕхӕдӕг ракурис, ӕмӕ дын Уый раттид царддӕттӕг дон».


Ӕз ын цы дон раттон, уымӕй чи баназа, уый та никуыуал сдойны уыдзӕн. Ӕз ын цы дон раттон, уый йӕ зӕрдӕйы фестдзӕни мыггагмӕйы царддӕттӕг суадон».


Ноджы мын загъта: «Сӕххӕст! Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, райдиан ӕмӕ кӕрон. Дойны кӕмӕн у, уымӕн Ӕз царддӕттӕг суадонӕй лӕвар бануазын кӕндзынӕн.


Зӕд мын фенын кодта кристаллау ӕрттивгӕ царддӕттӕг дон. Уый калди Хуыцау ӕмӕ Уӕрыччы бадӕнӕй,


Уд ӕмӕ Усаг зӕгъынц: «Ӕрцу!» Чи хъусы, уый дӕр зӕгъӕд: «Ӕрцу!» Дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд, ӕмӕ, кӕй фӕнды, уый царды дон айсӕд лӕвар.


Уый фӕстӕ Йотам йе ’фсымӕр Авимелехӕй Бееры сахармӕ алыгъд ӕмӕ уым ӕрцардис.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ