9 Моисей Дунедарӕджы разӕй, куыд ын загъта, афтӕ лӕдзӕг райста.
Ды та дӕ лӕдзӕгӕй денджызмӕ ацамон, дон фӕйнӕрдӕм акӕлдзӕн, ӕмӕ израилӕгтӕ денджызы астӕуты сур зӕххыл цӕуӕгау ацӕудзысты.
Моисей йӕ ус ӕмӕ йӕ фыртты хӕрӕгыл сӕвӕрдта, Хуыцауы лӕдзӕг йемӕ райста ӕмӕ араст ис Мысырмӕ.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Аароны лӕдзӕг Фидыды Чырыны раз сӕвӕр, уадз ӕмӕ уым ӕфснайд уа — хивӕнд адӕймӕгтӕн ӕвдисӕйнагӕн. Афтӕмӕй сын сӕ хъуыр-хъуырӕн кӕрон скӕндзынӕ, ӕмӕ нал бабын уыдзысты».