7 ӕмӕ Дунедарӕг Моисейӕн загъта:
Стонг заман сын Ды уӕларвӕй лӕвӕрдтай хойраг, дойныйӕ куы мардысты, уӕд сын къӕдзӕхӕй рауагътай дон. Ды сын загътай, цӕмӕй ацӕуой ӕмӕ сӕхи бакӕной, Дӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ, йӕ раттыныл ард кӕй тыххӕй бахордтай, уыцы зӕхх.
Моисей ӕмӕ Аарон адӕмы ӕмбырдӕй ныууагътой, Фембӕлды Цатыры размӕ ацыдысты ӕмӕ сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой. Дунедарӕджы кад сӕм Йӕхи равдыста,
«Райс мӕнӕ ацы лӕдзӕг, ӕмӕ де ’фсымӕр Ааронимӕ дзыллӕйы ӕрбамбырд кӕнут. Стӕй, иууылдӕр уӕ куыд уыной, афтӕмӕй къӕдзӕхӕн зӕгъут, дон ратт, зӕгъгӕ. Къӕдзӕхы хуылфӕй сын ды дон самал кӕндзынӕ сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ фосӕн дӕр».
Фӕлӕ мӕм Дунедарӕг смӕсты ис сымах тыххӕй, нӕ мӕм байхъуыста. Уый мын загъта: „Ӕгъгъӕд у! Уый кой Мын мауал скӕн!