Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Нымӕцтӕ 20:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 «Аарон хъуамӕ йӕ сыджытыл бафта. Меривайы раз Мӕ коммӕ кӕй нӕ бакастыстут, уый тыххӕй Аарон, Ӕз израилӕгтӕн кӕй дӕттын, уыцы зӕхмӕ нӕ бацӕудзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Нымӕцтӕ 20:24
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ды та дӕ фыдӕлтыл фарнимӕ сӕмбӕлдзынӕ, хӕрз зӕрондӕй бацӕудзынӕ ингӕнмӕ.


Измаел фӕцарди сӕдӕ ӕртын авд азы, стӕй йӕ цардӕй ахицӕн ис. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыдис.


Йӕ цардӕй ахицӕн ис хӕрз зӕрондӕй, цардӕй бафсӕст, афтӕмӕй. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыди.


Йӕ цардӕй ахицӕн ис хӕрз зӕрондӕй, цардӕфсӕстӕй. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыди. Бавӕрдтой йӕ Исав ӕмӕ Йаков, йӕ фырттӕ.


Йаков йӕ фырттӕн бафӕдзӕхста: «Ныр ӕз мӕрдтӕм, мӕ фыдӕлты размӕ, цӕуинаг дӕн, ӕмӕ-иу мӕ бавӕрут, хеттаг Ефроны быдыры цы лӕгӕт ис, уым.


Йаков Йӕ фырттӕн уыцы фӕдзӕхстытӕ куы загъта, уӕд йӕ хуыссӕнуаты йӕхи ауагъта ӕмӕ уыйадыл йӕ уд систа, йӕ фыдӕлтӕм ацыд.


Ӕмӕ ды дӕхи цӕстӕй нӕ фендзынӕ, Ӕз ацы сахар ӕмӕ йӕ цӕрджыты цы бӕллӕхы амӕттаг бакӕндзынӕн, уый. Дӕ царды кӕрон дӕ Ӕз фарнимӕ дӕ фыдӕлты размӕ бакӕндзынӕн“». Паддзахыл уыцы дзуапп куы сӕмбӕлын кодтой,


Уыцы бынат та схуындӕуыди Масса ӕмӕ Мерива, уымӕн ӕмӕ уыцы ран израилӕгтӕ Дунедарӕгӕн уайдзӕфтӕ кодтой ӕмӕ Йӕ фӕлвӕрдтой, Дунедарӕг немӕ ис ӕви нӕ, зӕгъгӕ, кӕй дзырдтой, уымӕй.


Ааронӕн йӕ дарӕс ралас ӕмӕ йын сӕ йӕ фырт Елеазарыл скӕн. Аарон уыцы ран амӕлдзӕн ӕмӕ йӕ сыджытыл бафтдзӕн».


Цӕмӕн нӕ ракодтат Мысырӕй ацы ӕлгъыст ранмӕ, исты байтауӕн кӕм нӕй, легъуи, сӕнӕфсир, гранат кӕм нӕ зайы, уырдӕм? Дон дӕр дзы куы нӕй нуазынӕн!»


Ӕмӕ йӕм куы акӕсай, уӕд ды дӕр дӕ адӕмы ’хсӕнӕй фӕхъӕудзынӕ, де ’фсымӕр Аарон куыд фӕхъуыди, афтӕ.


«Израилӕгты маст райс мидианӕгтӕй ӕмӕ уый фӕстӕ ацы дунейӕ ахицӕн уыдзынӕ».


Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сын куыд дзурой, афтӕ кусдзысты ӕмӕ сӕ хӕссинаг хӕсдзысты Гершоны байзӕддӕгтӕ. Уыцы хӕссинаг сын сымах сӕ бар кӕнут, ӕмӕ уыдоны бӕрны ис.


Уыцы хохмӕ куы ссӕуай, уӕд уым амӕлдзынӕ ӕмӕ дӕ сыджытыл бафтдзынӕ, де ’фсымӕр Аарон Оры хохыл куыд амард ӕмӕ йӕ сыджытыл куыд бафтыдис, афтӕ.


Левийы тыххӕй загъта: „Дӕ тумим ӕмӕ Дӕ урим — йӕ зӕрдӕ Дыл чи нӕ ивы, Массайы кӕй бафӕлвӕрдтай, Меривайы доны был кӕмӕн уайдзӕф кодтай, уыцы кувӕг лӕгмӕ.


ӕмӕ сын загъта: «Зонын ӕй, Дунедарӕг ацы зӕхх сымахӕн кӕй радта, уый. Ӕмӕ нӕ стыр тасы бафтыдтат, нӕ бӕстӕйы цӕрджытӕ иууылдӕр ӕмризӕджы ризынц.


Уӕды заманты фӕлтӕр иууылдӕр се ’цӕг дунемӕ ацыдысты, ӕмӕ сӕ фӕстӕ ног фӕлтӕр фӕзынди. Уыдон нӕ зыдтой Дунедарӕджы, стӕй, Израилы адӕмӕн цытӕ сарӕзта, уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ