20 Фӕлӕ уыдон загътой: «Нӕ ацӕудзыстут нӕ зӕххыл!» Ӕмӕ гӕрзифтонг стыр ӕфсадӕй сӕ ныхмӕ ралӕууыдысты.
Исав фӕфыдӕх ис Йаковмӕ, йӕ фыд ын кӕй раарфӕ кодта, уый тыххӕй ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Мӕ фыдыл кӕуӕн бонтӕ ӕрӕввахс сты, ӕмӕ уӕд амардзынӕн ме ’фсымӕр Йаковы».
Минӕвӕрттӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ Йаковӕн загътой: «Де ’фсымӕр Исавмӕ дын бахӕццӕ стӕм, ӕмӕ, йемӕ цыппарсӕдӕ лӕджы, афтӕмӕй дӕ размӕ рацӕуы».
Дунедарӕг дӕ бахиздзӕн алы фыдбылызӕй, бахиздзӕн дын дӕ уд.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Едомы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ кардимӕ зылди йе ’фсымӕры фӕдыл, ӕдзух йӕ масты фӕдыл цыд, йӕ масты арт мынӕг нӕ кодта.
Едомӕгтӕ загътой: «Нӕ зӕххыл ацӕуын уӕ нӕ бауадздзыстӕм! Куы бафӕлварат, уӕд кӕрдтимӕ уӕ размӕ ралӕудзыстӕм!»
Едомӕгтӕй сӕ бон куы базыдтой, уӕд израилӕгтӕ ӕндӕр рӕтты ацыдысты.
уӕд Едомы паддзахмӕ минӕвӕрттӕ барвыстой, дӕ зӕххыл нын ацӕуыны бар ратт, зӕгъгӕ, фӕлӕ сӕ Едомы паддзах нӕ бауагъта. Уӕд хатӕг барвыстой Моавы паддзахмӕ, фӕлӕ сӕ уый дӕр нӕ бауагъта. Израилӕгты бахъуыди Кадешы баззайын.
фӕлӕ сын Сигон бар нӕ радта. Йе ’фсад иууылдӕр ӕрӕмбырд кодта, Йахацмӕ хӕстӕг рӕсӕнуат скодта ӕмӕ израилӕгтимӕ схӕцыди.