24 Зӕххы хайы бӕсты сын Ӕз, израилӕгтӕ Дунедарӕгӕн кӕй дӕттынц, уыцы дӕсӕймаг хай радтон. Уымӕн зӕгъын, израилӕгты ’хсӕн сын зӕххы хай кӕй нӕ уыдзӕн».
Цы дӕсӕймаг хай сын ӕмбӕлы, уый куы исой левиттӕ, уӕд сӕ разы лӕудзӕни сауджын, Аароны байзӕддаг, сӕ дӕсӕймаг хайы дӕсӕймаг хай левиттӕ нӕ Хуыцауы галуанмӕ, къӕбицы уӕттӕм куыд ласой, афтӕ.
Уыйадыл иудейӕгтӕ иууылдӕр хор, сӕн ӕмӕ сойы дӕсӕймаг хӕйттӕ къӕбицтӕм хӕссын райдыдтой.
Зӕхх цы тыллӕг дӕтты — хор уа ӕви бӕлӕсты дыргътӕ уой — алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай у Дунедарӕджы исбон — иууылуаз.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта:
«Фехъусын кӕн левиттӕн: Ӕз уын зӕххы хайы бӕсты кӕй радтон, израилӕгтӕй уыцы дӕсӕймаг хай куы райсат, уӕд-иу ын йӕ дӕсӕймаг хай Дунедарӕгӕн рахицӕн кӕнут.
Иумӕйдзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ нымадмӕ гӕсгӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты дыууын ӕртӕ мины; уыдонӕн израилӕгты ’хсӕн хай лӕвӕрд кӕй не ’рцыди, уымӕ гӕсгӕ израилӕгтимӕ нымад не ’рцыдысты.
Уымӕн нӕ бахаудта уӕрсты Левийы мыггаг, ӕмӕ йын йе ’фсымӕрты ӕмрӕнхъ уый тыххӕй нӕй хай. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг у йӕ хай, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уымӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ.
Ӕртыккаг аз, дӕсӕймаг хӕйтты аз, де ’ппӕт тыллӕгӕн йӕ дӕсӕймаг хай куы рахицӕн кӕнай ӕмӕ йӕ левит, ӕрцӕуӕггаг, сидзӕр ӕмӕ сидзӕргӕсӕн куы раттай, цӕмӕй ӕххормаг ма уой дӕ сахары,
Ӕрмӕстдӕр Левийы хӕдзарвӕндагӕн нӕ радта Моисей зӕххы хай: Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, цы нывӕндтӕ хӕссынц, уыдон сты сӕ исбон, Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ.