20 Дунедарӕг загъта Ааронӕн: «Зӕххы хай дын нӕ уыдзӕнис Израилы, ницы хай райсдзынӕ се ’хсӕн: дӕ исбон ӕмӕ дӕ зӕххы хай Ӕз дӕн!
Ацы хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ма тӕрс, Аврам! Ӕз дӕ хъахъхъӕнын уартау. Стыр уыдзӕни дӕ хӕрзиуӕг».
Ӕрымысыдтӕн незамантӕ ӕз, мӕ хъуыдыйы Дӕ алы хъуыддаг дарын, дис кӕнын Дӕ къухты скондыл.
Фидар къахдзӕфтӕй цӕуын Дӕ фӕндӕгтыл, Дӕ фӕдыл цӕуын ӕмӕ нӕ цудын.
Дунедарӕг — мӕ исбон, мӕ зӕрдӕ Йыл дардзынӕн.
Сауджынты фыдӕй-фыртмӕйы исбоны кой куы кӕнӕм, уӕд Ӕз Мӕхӕдӕг дӕн сӕ исбон. Зӕххы хай сын ма раттут Израилы: Ӕз Мӕхӕдӕг дӕн сӕ хай.
Ды ӕмӕ дӕ фырттӕ та хъуамӕ сауджынлӕггад кӕнат нывондхӕссӕны уӕлхъус ӕмӕ мидӕмбӕрзӕны фале. Ӕз уын аккаг кӕнын сауджынлӕггад. Сымах йеддӕмӕ ӕндӕр исчи хӕстӕг куы ӕрбацӕуа, уӕд ӕй амарын хъӕуы».
Иумӕйдзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ нымадмӕ гӕсгӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты дыууын ӕртӕ мины; уыдонӕн израилӕгты ’хсӕн хай лӕвӕрд кӕй не ’рцыди, уымӕ гӕсгӕ израилӕгтимӕ нымад не ’рцыдысты.
Уымӕн нӕ бахаудта уӕрсты Левийы мыггаг, ӕмӕ йын йе ’фсымӕрты ӕмрӕнхъ уый тыххӕй нӕй хай. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг у йӕ хай, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уымӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ.
Ӕмӕ-иу цин кӕнӕнт уемӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ, уӕ цагъартӕ сылгоймагӕй, нӕлгоймагӕй ӕмӕ, уе ’хсӕн зӕххӕй дӕр ӕмӕ исбонӕй дӕр хай кӕмӕн нӕй, уыцы левиттӕ.
Фӕлӕ дӕ уыцы рӕстӕг ма ферох уӕд дӕ сахары цӕрӕг левит: уымӕн, дӕуӕй хъауджыдӕр, нӕй зӕххы хай дӕр ӕмӕ исбон дӕр.
Цӕмӕй ӕрбацӕуой ӕмӕ сӕхи бафсадой, дӕуӕй хъауджыдӕр зӕхх ӕмӕ исбонӕй хай кӕмӕн нӕй, уыцы левиттӕ, дӕ цуры цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг, идӕдз ӕмӕ сидзӕр, ӕмӕ ды та дӕ алы хъуыддаджы дӕр арфӕгонд уай Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй.
Ӕрмӕстдӕр Левийы хӕдзарвӕндагӕн нӕ радта Моисей зӕххы хай: Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, цы нывӕндтӕ хӕссынц, уыдон сты сӕ исбон, Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ.
Фӕлӕ Левийы хӕдзарвӕндагӕн исбон нӕ радта: Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, уыди сӕ исбон, Йӕхӕдӕг сын куыд загъта, афтӕ.
Дыууӕ хӕдзарвӕндагӕн ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы иннӕ ӕмбисӕн Моисей йӕхӕдӕг фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн радта Иорданы скӕсӕнварс, Левийы хӕдзарвӕндагӕн та уыдонимӕ исбон нӕ радта.
Левийы байзӕддӕгтӕн сымахимӕ хай нӕй — Дунедарӕджы сауджынтӕ кӕй сты, уый у сӕ исбон. Гад, Рувим ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбис та фыдӕй-фыртмӕйы исбон райстой Иорданы скӕсӕнварс, Дунедарӕджы цагъар Моисей сын ӕй радта».
Паддзахы бадӕнӕй ӕз фехъуыстон тыхджын хъӕлӕс: «Мӕнӕ ис Хуыцауы Уаз Цӕрӕн, Уый цӕрдзӕнис адӕмимӕ! Уыдон уыдзысты Йӕ адӕм, Хуыцау Йӕхӕдӕг уыдзӕни семӕ ӕмӕ уыдзӕн сӕ Хуыцау.