Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Нымӕцтӕ 17:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Аароны лӕдзӕг Фидыды Чырыны раз сӕвӕр, уадз ӕмӕ уым ӕфснайд уа — хивӕнд адӕймӕгтӕн ӕвдисӕйнагӕн. Афтӕмӕй сын сӕ хъуыр-хъуырӕн кӕрон скӕндзынӕ, ӕмӕ нал бабын уыдзысты».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Нымӕцтӕ 17:10
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕнӕхуыцӕуттӕ сӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ галиу фӕндагыл лӕууынц, сӕ райгуырынӕй адзӕгъӕл сты, сайынц.


Моисей загъта: «Дунедарӕг бафӕдзӕхста, цӕмӕй маннӕйы иу омер бафснайат мыггагмӕ, ӕмӕ фыдӕй-фыртмӕ алчидӕр уына, Мысырӕй ракӕнгӕйӕ уӕ ӕдзӕрӕг быдыры Дунедарӕг цы дзулӕй хаста, уый».


Аарон маннӕйы дурын сӕвӕрдта Фидыды Чырыны раз, цӕмӕй уыцы ран ӕфснайд уа, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Ӕрыхъус, арв, ӕрбайхъус, зӕхх! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Схъомыл кодтон, схастон Ӕз фырттӕ, уыдон та сыстадысты Мӕ ныхмӕ!


Гевӕйы заман цы тӕригъӕд ракодтай, уымӕй ныр стырдӕр тӕригъӕды бацыдтӕ, Израил! Фервӕзтысты уым, ӕнӕхуыцӕутты ныхмӕ хӕст куы цыди, уӕд баззадысты ӕвыдӕй.


Моисей ӕмӕ Аарон сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой израилӕгты дзыллӕйы раз.


«Иуварс ацӕут ацы дзыллӕйӕ, ӕмӕ сӕ Ӕз цӕсты фӕныкъуылдмӕ бындзагъд фӕкӕнон!»


уыдон срухс сты ныр ацы тӕригъӕдджынты амардӕй; тӕнӕг сыфтӕ сӕ рацӕгъдӕнт нывондхӕссӕн ӕмбӕрзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ Дунедарӕджы размӕ бахастой, ӕмӕ срухс сты. Развӕдзӕхстау уӕнт израилӕгтӕн!»


Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ. Уыцы ӕмбӕрзӕны нысан — израилӕгтӕ сӕ зӕрдыл куыд дарой: Аароны байзӕддӕгты йеддӕмӕ Дунедарӕджы раз буд судзынмӕ чи бацӕуа, ууыл Корах ӕмӕ йӕ хъузӕтты бон акӕндзӕн.


Моисей, Дунедарӕг ын куыд загъта, растдӕриддӕр афтӕ бакодта.


Бавӕр лӕдзджытӕ Фембӕлды Цатыры, Фидыды Чырыны раз, Ӕз уӕм кӕм раргом вӕййын, уыцы ран.


Рахаста Моисей лӕдзджытӕ Дунедарӕджы разӕй, израилӕгтӕ сӕм ӕркастысты, ӕмӕ алчи йӕ лӕдзӕг айста.


Моисей Дунедарӕджы разӕй, куыд ын загъта, афтӕ лӕдзӕг райста.


«Левитты ’хсӕнӕй Кехаты хӕдзарвӕндаг ма бауадзут фесафын.


Бустӕ ма кӕнут, уыдонӕй бирӕтӕ куыд бустӕ кодтой, афтӕ; уый тыххӕй сӕ мӕлӕтхӕссӕг зӕд фӕцагъта.


Дзӕгъӕл ныхӕстӕй уӕ мачи асайӕд, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй Хуыцау, басӕттын чи нӕ комы, уыдоныл Йӕ азар ныккалдзӕн.


Куы уӕ зонын, уӕдӕй нырмӕ нӕ кӕсут Дунедарӕджы коммӕ!


Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ӕдзӕрӕг быдыры куыд мӕсты кодтат, уый уӕ рох ма уӕд. Мысырӕй куы рацыдыстут, уӕдӕй абонмӕ, цалынмӕ ардӕм не ’рбацыдыстут, уӕдмӕ, Дунедарӕджы ныхмӕ лӕууыдыстут.


Уыди дзы сыгъзӕрин будсудзӕн ӕмӕ Фидыды Чырын, йӕ фӕрстӕ — сыгъзӕринӕй астӕрд, йӕ мидӕг — сыгъзӕрин къус маннӕимӕ, Аароны билцъӕфтыд лӕдзӕг ӕмӕ, фӕдзӕхстытӕ цы къӕйдуртыл фыст уыдысты, уыдон.


Елиайӕн йӕ фырттӕ ӕнаккаг уыдысты. Дунедарӕгмӕ се ’ргом не здӕхтой,


Уӕд, Давидимӕ цы адӕм ӕрбацыди, уыдонӕн сӕ цъаммӕрттӕ ӕмӕ ӕнаккӕгтӕ дзурын райдыдтой: «Адон немӕ кӕй нӕ уыдысты, уый тыххӕй сын ницы ратдзыстӕм, цы байстам, уымӕй. Алчидӕр сӕ ӕрмӕст йӕ ус ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты акӕнӕд ӕмӕ цӕуӕд йӕ фӕндагыл».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ