37 «Зӕгъ Елеазарӕн, сауджын Аароны фыртӕн, будсудзӕнтӕ сыгъдонӕй рамбырд кӕнӕд ӕмӕ сын сӕ зынджытӕ акалӕд:
Дӕ исбонӕй цӕмӕйдӕриддӕр басомы кӕнай, Дунедарӕгӕн ӕй снывонд кӕндзынӕн, зӕгъгӕ, — адӕймаг уа, фос ӕви зӕххы хай, — уымӕн нӕдӕр ауӕйгӕнӕн ис, нӕдӕр фӕстӕмӕ балхӕнӕн. Сомы ракӕнгӕйӕ, цыдӕриддӕр снывонд чындӕуыд, уый Дунедарӕджы у, иууылуаз.
Ӕмӕ райста алчи йӕ будсудзӕн, зынджытӕ ӕмӕ дзы буд цӕвӕрдта ӕмӕ Фембӕлды Цатыры бахизӕны раз ӕрлӕууыдысты, семӕ — Моисей ӕмӕ Аарон.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта:
уыдон срухс сты ныр ацы тӕригъӕдджынты амардӕй; тӕнӕг сыфтӕ сӕ рацӕгъдӕнт нывондхӕссӕн ӕмбӕрзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ Дунедарӕджы размӕ бахастой, ӕмӕ срухс сты. Развӕдзӕхстау уӕнт израилӕгтӕн!»
сӕ хуылфы сын зынджытӕ ӕмӕ буд цӕвӕрут ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕуут. Дунедарӕг кӕй равзара, сыгъдӕг уый у. Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд, Левийы байзӕддӕгтӕ!»