Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Нымӕцтӕ 16:35 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

35 Арт рацыди Дунедарӕгӕй ӕмӕ, будсудзӕнты буд чи ӕрбахаста, уыцы дыууӕсӕдӕ фӕндзай лӕджы бавзалы кодта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Нымӕцтӕ 16:35
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Къӕбӕр сын ад нал кодта, мӕлӕты къахыл ныллӕууыдысты.


Батӕригъӕд мын кӕн, Хуыцау, Де стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ, ссыгъдӕг мӕ кӕн тӕригъӕдтӕй Де стыр уарзты хатырӕй.


Израилы хистӕртӕй ӕвдайы бӕрц лӕууыдысты сӕ разы, Шафаны фырт Иазани дӕр се ’хсӕн, афтӕмӕй. Алкӕй къухы дӕр сӕ уыди будсудзӕн, ӕмӕ буды хӕрздӕфы къуыбылӕйттӕ хӕрдмӕ цыдысты.


Уӕд Дунедарӕджы цурӕй рацыди арт ӕмӕ сӕ басыгъта — Дунедарӕджы раз бабын сты сӕ дыууӕ дӕр.


уыцы лӕгтӕ — бӕстӕйыл цъыфкалӕн чи кодта, уыдон се ’ппӕт дӕр — рынӕй фӕцагъды сты. Дунедарӕг сыл Йӕ бӕллӕх сӕвӕрдта.


Алчи уӕ йӕ будсудзӕн райсӕд, буд дзы цӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы размӕ ӕрбахӕссӕд, дыууӕсӕдӕ фӕндзай будсудзӕны ӕрбахӕссут. Ды дӕр ӕрбахӕсс дӕ будсудзӕн, стӕй Аарон дӕр».


Моисейы ныхмӕ рацыдысты. Израилӕгтӕй дыууӕсӕдӕ фӕндзай лӕджы сӕ фарс рахӕцыдысты, се ’ппӕт дӕр — дзыллӕйы фӕтӕгтӕ, ӕвзӕрст адӕм, нымад лӕгтӕ.


Сӕ хъӕрахстмӕ, сӕ алыварс чи уыди, уыцы израилӕгтӕ лидзынмӕ фесты, зӕхх мах дӕр куы аныхъуыра, зӕгъгӕ.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта:


Корахимӕ чи бацарӕфтыд, уыдоны нӕ нымайгӕйӕ, рын ахаста цыппӕрдӕс мин авдсӕдӕ адӕймаджы.


Ӕмӕ уӕд зӕхх фӕйнӕрдӕм фӕцыд ӕмӕ сӕ аныхъуырдта. Корахимӕ йӕ хъузӕттӕ дӕр бабын сты. Дыууӕсӕдӕ фӕндзай адӕймаджы басыгъдысты арты — цыдӕр кӕй ӕрцӕудзӕн, уый ӕвдисӕг рагфӕдзӕхст.


Надав ӕмӕ Авигу ӕрбамардысты, Дунедарӕджы размӕ Синайы ӕдзӕрӕг быдыры нӕфӕтчиаг арт куы бахастой, уӕд; цот сын нӕ баззад. Елеазар ӕмӕ Итамар та сӕ фыд Аароны къухдариуӕгӕй сауджынлӕггад кодтой.


Искӕй уыдонӕн фыдбылыз ракӕнын куы бафӕнда, уӕд сӕ комӕй рацӕудзӕн арт ӕмӕ сын се знӕгты аныхъуырдзӕн. Афтӕ амӕлдзӕн, уыдонӕн фыдбылыз ракӕнын кӕй бафӕнда, уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ