31 Куыддӕр уыцы ныхӕстӕ загъта, афтӕ зӕхх сӕ быны фӕйнӕрдӕм ацыд:
Зӕхх скъуыдтӕ кӕндзӕн, ӕнкъуысдзӕн ӕмӕ ӕмризӕджы риздзӕн.
Фӕлӕ сын кӕд Дунедарӕг, нырмӕ чи не ’рцыди, исты ахӕм ми бакӕна, кӕд сӕм зӕхх йӕ ком фӕхӕлиу кӕна ӕмӕ сӕ се ’ппӕт исбонимӕ аныхъуыра ӕмӕ цӕрдудӕй мӕрдтыбӕсты хай бауой, уӕд ӕй зонут, ацы адӕймӕгтӕ Дунедарӕгыл сӕхи атигъ кодтой».
бахӕлиу кодта зӕхх йӕ ком ӕмӕ сӕ се ’ппӕт исбонимӕ аныхъуырдта — Корахы ӕппӕт адӕмы сӕ иууыл исбонимӕ.
Моисеимӕ загъд кодтой: «Фӕлтау мах дӕр Дунедарӕджы раз куы ӕрбамардаиккам не ’фсымӕртау!
«Нӕ фыд амард ӕдзӕрӕг быдыры, ӕмӕ уый, Дунедарӕджы ныхмӕ чи растад, уыцы бардзы нӕ уыди Корахы цӕдисонты ’хсӕн, фӕлӕ амард йӕхи тӕригъӕды аххосӕй, ӕмӕ йын фырттӕ нӕ баззад.
Рувимы мыггагӕй Елиавы фыртты, Датан ӕмӕ Авирамы, куыд байсӕфта! Фӕйнӕрдӕм фӕцыди зӕхх ӕмӕ сӕ ’ппӕт Израилы раз ӕд бинонтӕ, ӕд цатыртӕ, ӕд фос ӕмӕ ӕд исбон аныхъуырдта.
Сар сӕ сӕр! Уыдон цӕуынц Каины фӕндагыл, сӕ зӕрдӕтӕ сарӕзтой мулкмӕ ӕмӕ фӕсайды сты Балаамау, змӕнтынц Корейау ӕмӕ сӕфынц.