Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Нымӕцтӕ 16:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Фӕлӕ сын кӕд Дунедарӕг, нырмӕ чи не ’рцыди, исты ахӕм ми бакӕна, кӕд сӕм зӕхх йӕ ком фӕхӕлиу кӕна ӕмӕ сӕ се ’ппӕт исбонимӕ аныхъуыра ӕмӕ цӕрдудӕй мӕрдтыбӕсты хай бауой, уӕд ӕй зонут, ацы адӕймӕгтӕ Дунедарӕгыл сӕхи атигъ кодтой».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Нымӕцтӕ 16:30
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ мын цы ныхфыст ис уӕларвон Хуыцауӕй? Фӕлӕ мын цы исбон лӕвӕрд ис Ӕппӕтхъомысӕй, уӕларвӕй?


Ау, фыдбылызы хъуамӕ тӕригъӕдджын ма бахауид, фыдгӕнӕгӕн ма ӕрцӕуид йе сӕфт?


Ӕнӕхуыцӕуттӕ нӕ бацахсдзысты рӕстгӕнджыты бӕстӕ, цӕмӕй рӕстудтӕн дӕр сӕ къух ма фӕтаса фыдмимӕ.


Дунедарӕг уыл Йӕ бӕллӕх ӕруадздзӕн, кӕддӕр Перацимы хохыл кӕнӕ Гивоны уӕлвӕзыл Йӕ адӕмы знӕгтӕн куыд бакодта, афтӕ, цӕмӕй ӕмбисонды хъуыддӕгтӕ сараза.


Ныр уӕ сӕраппонд аразын ног хъуыддаг. Хурау бӕрӕг куы у, кӕй ӕрцӕудзӕн, уый, уӕд ӕй нӕ фиппайут? Ӕдзӕрӕг быдыры уын айгӕрддзынӕн фӕндаг, сыгъд быдырты уын рауадздзынӕн цӕугӕдӕттӕ.


Ӕз сарӕзтон зӕхх, сфӕлдыстон ыл адӕймаджы. Мӕхи къухтӕй айтыгътон уӕлӕрвтӕ ӕмӕ уӕларвӕфсадӕн бафӕдзӕхстон Ме ’гъдау ӕххӕст кӕнын.


Ӕз фӕлдисын рухс дӕр ӕмӕ тар дӕр. Фарн дӕр ӕмӕ фыдбылыз дӕр Мӕнӕй рацӕуынц. Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕппӕт уыдӕттӕ Чи аразы, Уый.


Кӕдмӕ рахау-бахау кӕндзынӕ, гадзрахатӕй рацӕуӕг чызг! Дунедарӕг зӕххыл, ӕрцӕуӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хъуыддаг сараздзӕн: ус ногӕй уыдзӕни йӕ мойы раз.


Уӕдӕ донбыл сагъд бӕлӕстӕй йӕ зӕнджы бӕрзондӕй макӕцы раппӕлӕд ӕмӕ сӕ ӕврӕгъты онг йӕ цъупп макӕцы сисӕд. Дон нуазӕг бӕлӕстӕй йӕхи макӕцы уӕлдӕр кӕнӕд иннӕтӕй, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр лӕвӕрд ӕрцӕудзысты мӕлӕтмӕ — ингӕнмӕ, мӕрдтыбӕстӕм цы адӕм ныххызтысты, уыдонимӕ».


Куыддӕр уыцы ныхӕстӕ загъта, афтӕ зӕхх сӕ быны фӕйнӕрдӕм ацыд:


Цыдӕриддӕр сӕм уыди, уыдонимӕ цӕрдудӕй мӕрдтыбӕсты хай баисты. Зӕхх фӕстӕмӕ йӕ раздӕры хуыз райста, уыдонӕн та адӕмы ’хсӕн сӕ кой дӕр нал фӕзынди.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ