28 Моисей загъта: «Ныртӕккӕ базондзыстут, цы кӕнын, уый мӕхи фӕндӕй нӕ, фӕлӕ Дунедарӕджы фӕндӕй кӕй кӕнын, уый.
Изӕры нывонд хӕссын афон пехуымпар Илийа нывондхӕссӕнмӕ бацыд ӕмӕ скуывта: «О Дунедарӕг, Авраамы, Исаакы ӕмӕ Израилы Хуыцау! Ацы бон иууылдӕр базонӕнт, Ды Израилӕн иунӕг Хуыцау кӕй дӕ, ӕз та Дӕ лӕггадгӕнӕг кӕй дӕн ӕмӕ ацы хъуыддаг иууылдӕр Дӕ дзырдӕй кӕй бакодтон, уый.
Хуыцау ын дзуапп радта: «Ӕз демӕ уыдзынӕн. Мӕнӕ, Ӕз дӕ кӕй арвыстон, уый нысан: Мӕ адӕмы Мын Мысырӕй куы ракӕнай, уӕд ӕрбацӕудзыстут ӕмӕ Хуыцаумӕ мӕнӕ ацы хохы сӕр скувдзыстут».
Цу уӕдӕ! Ӕз демӕ уыдзынӕн, куы дзурай, уӕд. Цы зӕгъын хъӕуы, уый дын Ӕз Мӕхӕдӕг бацамондзынӕн».
ӕмӕ-иу ын зӕгъ, цы дзурын хъӕуы, уый. Ӕз Мӕхӕдӕг уемӕ уыдзынӕн, куы дзурат, уӕд. Ӕз уын Мӕхӕдӕг бацамондзынӕн, цы гӕнгӕ уын у, уый.
«Фараон уӕ, диссаг равдисут, зӕгъгӕ, куы дома, уӕд-иу Ааронӕн йӕ лӕдзӕг фараоны раз аппарын кӕн, ӕмӕ лӕдзӕг калм фестдзӕн».
Уӕларвӕфсады Бардарӕг зӕгъы: ма хъусут пехуымпарты ныхӕстӕм, сӕ рагуацтӕм, сайгӕ уӕ кӕнынц уыдон. Дунедарӕджы ныхӕстӕ уын нӕ дзурынц, фӕлӕ, сӕ цӕстытыл цы ауад, уыдӕттӕ.
Адӕймаджы фырт! Израилы сылгоймӕгтӕм, хивӕндӕй пехуымпариуӕг чи кӕны, уыдонмӕ де ’ргом фездах ӕмӕ сӕ ныхмӕ пехуымпариуӕг кӕн. Зӕгъ сын:
мӕнӕ сӕм Ӕз мӕ къух сисдзынӕн, ӕмӕ сӕ раздӕры цагъайрӕгтӕн ӕфтиаг суыдзысты. Уӕд базондзыстут, сымахмӕ Мӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг кӕй рарвыста, уый.
«Ацы хӕдзарӕн бындур Зоровавелы къухтӕ ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ йӕ кӕронмӕ дӕр сараздзысты йӕ къухтӕ. Уӕд базондзынӕ, сымахмӕ Мӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг кӕй рарвыста, уый.
„Балак мын йӕ хӕдзар куы ратта, сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй йемыдзагӕй, уӕд дӕр мын Дунедарӕджы ныхасы сӕрты ахизӕн нӕй — хорз дӕр ӕмӕ ӕвзӕр дӕр мӕхи фӕндӕй нӕ бакӕндзынӕн. Дунедарӕг цы зӕгъа, уый дзурдзынӕн“.
Ды Мӕ кӕддӕриддӕр кӕй фехъусдзынӕ, уый Ӕз зыдтон, фӕлӕ афтӕ, ам цы адӕм ис, уыдоны тыххӕй загътон — цӕмӕй баууӕндой, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, ууыл».
Ӕууӕндут Мыл: Ӕз Мӕ Фыдимӕ иу дӕн, Мӕ Фыд та Мемӕ иу у. Науӕд та Мыл Мӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ ӕууӕндут.
Мӕнӕн Мӕхи фӕндӕй мӕ бон саразын ницы у. Куыд загъд Мын уыди, афтӕ тӕрхон кӕнын, ӕмӕ Мӕ тӕрхон раст у, уымӕн ӕмӕ, Мӕхи цы фӕнды, уый нӕ кӕнын, фӕлӕ, Мӕ Рарвитӕджы цы фӕнды, уый.
Мӕнӕн ис, Иоанн цы загъта, уымӕй тыхджындӕр ӕвдисӕйнаг. Мӕ Фыд Мын цы хъуыддӕгтӕ бафӕдзӕхста, Ӕз уыцы хъуыддӕгтӕ ӕххӕст кӕнын, ӕмӕ уыдон ӕвдисӕн сты, Мӕ Фыд Мӕ кӕй рарвыста, уымӕн.
Уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕларвӕй ӕрцыдтӕн Мӕхи цы фӕнды, уый нӕ, фӕлӕ, Мӕ Рарвитӕджы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ.
Пехуымпар Дунедарӕджы номӕй кӕй зӕгъа, уыцы ныхас куынӕ ӕрцӕуа ӕмӕ куынӕ сӕххӕст уа, уӕд йӕ ныхас Дунедарӕгӕй нӕ рацыд, фӕлӕ йӕ пехуымпар къӕйныхӕй загъта йӕхӕдӕг, ма дзы тӕрс.