Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Нымӕцтӕ 15:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 хойраджы хуынӕн ӕрбахӕссын ӕмбӕлы мӕнӕуы ссады ефӕйы ӕртӕ дӕсӕймаг хайы гины ӕмбис оливӕйы соимӕ змӕстӕй,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Нымӕцтӕ 15:9
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Орнан загъта Давидӕн: «Айс ӕй дӕхицӕн: мӕ бардарӕг паддзах, куыд ӕй фӕнды, афтӕ бакӕнӕд. Мӕнӕ дын иууылсудзинагӕн дӕттын галтӕ, сугӕн — найгӕнӕн дзоныгътӕ, хойраджы хуынӕн та — мӕнӕу. Лӕвар дын сӕ дӕттын иууылдӕр».


ӕрвылбоны хойраджы хуынтӕн ӕмӕ ӕрвылбоны иууылсудзинӕгтӕн; сабӕттӕн; мӕйногтӕн; бӕрӕгбӕттӕн; Кувӕндоны уаз дзауматӕн; Израилы йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй нывондӕгтӕн ӕмӕ, нӕ Хуыцауы хӕдзары лӕггад кӕнынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уыдӕттӕн.


Кӕимӕ уыдтӕн, уыцы лӕг мын загъта: «Фӕзы цур цӕгатӕрдӕм ӕмӕ хуссарӕрдӕм чи кӕсы, уыцы агъуыстытӕ сты уаз, Кувӕндоны мидӕг, Дунедарӕгӕн чи кусы, уыцы сауджынтӕн лӕвӕрд сты. Ам фӕхӕрынц, нывӕндтӕй сӕм цы хӕйттӕ хауы, уыдон. Ам ӕрӕвӕрынц иууылсыгъдӕг мысайнӕгтӕ, хойраджы хуынтӕ, тӕригъӕды нывонд ӕмӕ фиддоны нывонд, уымӕн ӕмӕ ацы бынат уаз у.


Бӕрӕгбӕтты заман-иу адӕмы фӕтӕг гал-нывондимӕ ӕмӕ фыр-нывондимӕ хойраджы хуынтӕн ӕрхӕссӕд ссады фӕйнӕ ефӕйы, уӕрыччытимӕ та — йӕ къух цас амона, уый бӕрц, стӕй ссады ефӕимӕ — оливӕйы сойы иу гин.


Ӕрвылрайсом дӕр иууылсудзинагӕн хӕссын хъӕуы фыс, стӕй хойраджы хуын ӕмӕ оливӕйы сой».


Хойраджы хуынӕн-иу фыр-нывондимӕ ӕрхӕссӕд ссады иу ефӕ, алы уӕрыккимӕ та — йӕ къух цас амона, уый бӕрц, стӕй ссады ефӕимӕ — оливӕйы сойы иу гин.


Хойраджы хуынӕн-иу гал-нывондимӕ ӕрхӕссӕд ссады иу ефӕ, фыр-нывондимӕ дӕр — афтӕ, алы уӕрыккимӕ та — йӕ къух цас амона, уый бӕрц, стӕй ссады ефӕимӕ — оливӕйы сойы иу гин.


Дунедарӕджы хӕдзармӕ сӕн ӕмӕ хойраджы хуынтӕ нал хӕссынц, хъарӕг кӕнынц сауджынтӕ, Дунедарӕджы лӕггадгӕнджытӕ.


Чи зоны, ӕмӕ уын ныббара, Йӕ арфӕйӕ уӕ схайджын кӕна, ӕмӕ та уӕ Дунедарӕг Хуыцауы хӕдзармӕ сӕн ӕмӕ хойраджы хуынтӕ хӕссат.


Ӕстӕм бон ӕрбакӕнӕд дыууӕ ӕнӕсахъат фыргуисты ӕмӕ иу ӕнӕсахъат далыс, хойраджы хуынӕн ӕрбахӕссӕд сойамӕст ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссад — ефӕйы ӕртӕ дӕсӕймаг хайы, стӕй оливӕйы сойы кӕхц.


Мӕнӕ хойраджы хуынтӕ хӕссыны ӕгъдау: Аароны фырттӕ-иу сӕ хъуамӕ ӕрбахӕссой Дунедарӕджы размӕ, нывондхӕссӕны цурмӕ.


Адон сты иууылсудзинаг нывӕндтӕ, хойраджы хуынтӕ, тӕригъӕды нывӕндтӕ, фиддоны нывӕндтӕ, сауджын суӕвыны нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ хӕссыны ӕгъдӕуттӕ.


гины ӕрдӕг та сӕн. Уый уыдзӕни арты нывонд Дунедарӕгӕн, ӕхцон хӕрздӕф.


Нывондаг галимӕ — Дунедарӕджы иууылсудзинаг уа, сомыйы нывонд уа ӕви фидыды нывонд —


Алы уӕныгимӕ — йӕ хуымилиаг: сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй ефӕйы ӕртӕ дӕсӕймаджы; алы фыры хуымилиаг: сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй ефӕйы дыууӕ дӕсӕймаджы.


Семӕ та хъуамӕ уа сӕн: гины ӕрдӕг — уӕныгимӕ, гины ӕртыккаг хай — фыримӕ, гины цыппӕрӕм хай — уӕрыккимӕ. Уый — иууылсудзинаг нывонд афӕдзы алы мӕйноджы дӕр.


Мӕйноджы ӕмӕ ӕрвылбоны иууылсудзинаг нывӕндтӕй уӕлдай ма, сӕ хуымилиаг ӕмӕ, ӕгъдау кӕй домы, уыцы сӕнимӕ, ацы нывӕндтӕ дӕр хӕссын хъӕуы Дунедарӕгӕн. Уый у арты нывонд, ӕхцон хӕрздӕф Дунедарӕгӕн.


Риуӕй иртӕст куы ӕрцыди саби, уӕд йемӕ ацыди Силоммӕ. Йемӕ ракодта ӕртӕаздзыд гал, райста ссады иу ефӕ ӕмӕ сӕны лалым, ӕмӕ афтӕмӕй ссыдысты Дунедарӕджы хӕдзармӕ. Лӕппу нырма ӕнахъом уыди.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ