36 Ракодтой йӕ дзыллӕ иумӕ рӕсӕнуатӕй ӕмӕ йӕ, Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ дурты бын фӕкодтой.
Ӕрбацыдысты дыууӕ цъаммар лӕджы, Навотӕн йӕ бакомкоммӕ ӕрбадтысты ӕмӕ йӕ ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн ныллӕууыдысты, Хуыцау ӕмӕ паддзахы ӕлгъыста, зӕгъгӕ. Стӕй йӕ фӕссахармӕ ракодтой ӕмӕ йӕ уым дурты бын фӕкодтой.
«Уӕхицӕй кӕнӕ уе ’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕй исчи йӕ сывӕллоны Молохӕн нывондӕн куы ӕрхӕсса, уӕд мард ӕрцӕуӕд: адӕм ӕй дурты бын фӕкӕнӕнт.
Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Ацы адӕймаг маринаг у. Дзыллӕ йӕ дурты бын фӕкӕнӕнт рӕсӕнуаты ӕдде».
Дунедарӕг загъта Моисейӕн:
Ӕмӕ йӕ сахары цӕрджытӕ дурты бын фӕкӕнӕнт. Фесафут фыддзинад уе ’хсӕнӕй! Ӕгас Израилы айхъуысдзӕн хабар, ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр адӕргӕй нырриздзысты.
Уым Йешуа загъта Аханӕн: «Ацы фыдбылыз ныл цӕмӕн бафтыдтай? Абон дын Дунедарӕг дӕхиуыл фыдбылыз ӕфтауы!» Ӕмӕ Израилы дзыллӕ уым Аханы дурты бын фӕкодтой. Уый фӕстӕ та — уырдӕм ма кӕй ӕрбакодтой, уыдоны се ’ппӕты дӕр, ӕмӕ сӕ басыгътой.