20 Ног хоры ссады сӕртӕй-иу Мын гуыл скӕнут, цыма мусы лӕвар у, афтӕ.
Нӕ хоры фыццаг ссадӕй хуын, нӕ дыргътӕй, нӕ сӕн ӕмӕ сойӕ сауджынтӕн сӕ хай хӕсдзыстӕм, нӕ Хуыцауы хӕдзары цур цы къӕбицтӕ ис, уырдӕм. Нӕ зӕххы бӕркады дӕсӕймаг хай та — левиттӕн. Левитты уыдзӕн нӕ тыллӕджы дӕсӕймаг хай, нӕ сахартӕй зӕххы куыст кӕмдӕриддӕр чындӕуы, уым.
Дӕ хуымы хоры сӕртӕ-иу ӕрбахӕсс дӕ Хуыцауы — Дунедарӕджы хӕдзармӕ. Сӕныччы йӕ мады ӕхсыры ма фыц.
Дӕ хуымы хоры сӕртӕ хӕсс Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, хӕдзармӕ. Сӕныччы йӕ мады ӕхсыры ма фыц».
Уӕ фыццаг дыргъты хуыздӕртӕ ӕмӕ уӕ алы хуынтӕ, цавӕрфӕнды уой, уӕддӕр, сты сауджынты хай. Уӕ хоры сӕрты ссадӕй цы сфыцат, уый дӕр-иу раттут сауджынӕн, ӕмӕ арфӕгонд уыдзысты уӕ хӕдзӕрттӕ.
Уыдон ын уӕ хоры сӕртимӕ хӕссут, фӕлӕ сӕ нывондхӕссӕныл ӕхцон хӕрздӕфы номыл ма судзут.
Дунедарӕгӕн дӕ хоры сӕртӕй хойраджы хуын куы хӕссай, уӕд-иу ӕрбахӕсс фӕхты хост цӕкуытӕ — цъӕх ӕфсиртӕй.
кӕй уын дӕттын, уыцы зӕхмӕ куы бацӕуат ӕмӕ уым уӕ хуымтӕ куы ӕркӕрдат, уӕд-иу уӕ хоры фыццаг куырис ӕрбахӕссут сауджынмӕ.
Сауджын-иу дыууӕ фыргуисты Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сисӕд хоры сӕртӕй конд дзултимӕ. Уыдон уыдзысты Дунедарӕджы уаз хай, сауджыны хай.
Уӕ хыссӕйы сӕртӕй конд гуылӕй кувут Дунедарӕгӕн фыдӕй-фыртмӕ.
Дунедарӕгӕн хаст сой, сӕн ӕмӕ хоры хуыздӕртӕ — ног тыллӕджы сӕртӕ — Ӕз дӕттын дӕуӕн.
Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр лӕвӕрд уыдзысты.
Кӕд хоры сӕрӕн йӕ фыццаг дзул Хуыцауы у, уӕд дзултӕ иууылдӕр Хуыцауы сты. Кӕд уидаг Хуыцауы у, уӕд къалиутӕ дӕр Хуыцауы сты.
Фӕлӕ Чырысти мӕрдтӕй райгас — чи амарди, уыдонӕй фыццаг Уый райгас.
Дӕ хуымы тыллӕгӕн-иу ӕрвылаз йӕ дӕсӕймаг хай рахицӕн кӕн
ӕмӕ йӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уым бахӕр: дӕ хор, дӕ сӕн ӕмӕ оливӕйы сойӕн сӕ дӕсӕймаг хӕйттӕ, де стурты ӕмӕ дӕ фысвосы сӕртӕ. Ӕдзухдӕр дӕ хъуыдыйы уӕд Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, ӕмӕ дӕ зӕрдӕйӕ ма хицӕн кӕнӕд Йӕ тас.
Авд боны дӕргъы-иу бӕрӕг кӕн Халагъудты бӕрӕгбон, дӕ хор ӕмӕ-иу дӕ сӕн куы бафснайай, уӕд.
Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ нын радта ног цард — ӕцӕгады ныхасы руаджы нӕ скодта Йӕ хъӕбултӕ. Кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй мах хоры сӕрау рахицӕн кодта Йӕхицӕн.
Уыдон сӕхи нӕ фӕчъизи кодтой сылгоймӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ сылгоймаджы хъӕстӕ нӕ фесты. Уӕрыкк кӕдӕм цӕуы, уыдон дӕр уырдӕм цӕуынц Йӕ фӕдыл. Уыдоны балхӕдӕуыд адӕмы ’хсӕнӕй ӕмӕ сӕ Хуыцауӕн ӕмӕ Уӕрыккӕн снывонд чындӕуыд хоры сӕрау.