Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Нымӕцтӕ 14:33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

33 Уӕ цот дыууиссӕдз азы дӕргъы ацы ӕдзӕрӕг быдыры фосы фӕстӕ рахау-бахау кӕндзысты ӕмӕ уын уӕ тӕригъӕд фиддзысты, цалынмӕ ма уӕ иу дӕр удӕгас уа, уӕдмӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Нымӕцтӕ 14:33
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕппӕт адӕмтӕн Дӕ стаудзынӕн, о Дунедарӕг, зардзынӕн Дын алы знӕмты ’хсӕн!


Ма сын кув ӕмӕ сын ма лӕггад кӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау, йӕхи Мыл чи атигъ кодта, уыцы фыдӕлты азымы тыххӕй уыдонӕн сӕ байзӕддӕгты ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг ӕфхӕрӕг,


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Кӕй Мӕ ферох кодтай ӕмӕ Мӕ де ’ргом кӕй аздӕхтай, уый тыххӕй де ’нӕфсармдзинад ӕмӕ дӕ хъахбай миты амӕттаг фӕу».


Израил, иннӕ адӕмтау цин ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ды ферох кодтай дӕ Хуыцауы, хъахбай митыл бафтыдтӕ ӕмӕ хӕтаг сылау алы мусы хъахбайты мызд ӕмбырд кӕныс.


Ӕмӕ рафыхти Дунедарӕджы маст израилӕгтӕм, ӕмӕ сӕ дыууиссӕдз азы ӕдзӕрӕг быдыры фӕракӕн-бакӕн кодта, цалынмӕ, Дунедарӕджы цӕсты фыдгӕнӕг чи уыди, уыдоны мыггаг сыскъуыди, уӕдмӕ.


Ӕмӕ сауджын Аарон Дунедарӕджы ныхасӕй ссыди Оры хохмӕ ӕмӕ уым амарди — израилӕгтӕ Мысыры бӕстӕй куы рацыдысты, уымӕн йӕ цыппорӕм азы фӕндзӕм мӕйы фыццаг бон.


Ӕмӕ сыгъдӕг уыдзӕни лӕг тӕригъӕдӕй, ус та йӕ тӕригъӕды тыххӕй дзуапп ратдзӕн».


Уыцы Моисей адӕмы ракодта Мысырӕй; Мысыры, Сырх денджызы ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры дыууиссӕдз азы дӕргъы арӕзта диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ.


дыууиссӕдзӕм азы иуӕндӕсӕм мӕйы фыццаг бон Моисей фехъусын кодта израилӕгтӕн, Дунедарӕг ын цы бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ.


Ӕстдӕс ӕмӕ ссӕдз азы аивгъуыдта, Кадеш-Барнеайӕ куы рацыдыстӕм ӕмӕ Зереды сӕрты куы ахызтыстӕм, уӕдӕй нырмӕ. Уӕдмӕ, Дунедарӕг цы хӕстхъомтӕм бартхъирӕн кодта, уыдонӕй иу дӕр удӕгас нал уыд.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, арфӕ ракодта сымахӕн уӕ алы хъуыддаджы дӕр. Уый уын уӕ фӕндаджы хабӕрттӕ хорз зоны ацы ӕгӕрон ӕдзӕрӕг быдыры. Ныр дыууиссӕдз азы дӕргъы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уемӕ ис, ӕмӕ сымах хъуаг ницӕмӕй ӕййафут“.


Дыууиссӕдз азы дӕргъы уӕ ӕдзӕрӕг быдыры фӕкодтон, фӕлӕ уӕ дарӕс дӕр нӕ баихсыди уӕ уӕлӕ, ӕмӕ уӕ дзабыртӕ дӕр нӕ баихсыдысты уӕ къӕхтыл.


Ӕртасын уӕ кӕныны ӕмӕ, Йӕ фӕдзӕхстытӕн уӕ зӕрдӕйы цы бынат ис, уый базоныны охыл уӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, дыууиссӕдз азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры цы фӕндагыл фӕкодта, уый уӕ рох ма уӕд.


Уыцы дыууиссӕдз азы дӕргъы уӕ дарӕс дӕр нӕ лӕзӕрыди, уӕ къӕхтӕ дӕр нӕ рӕсыдысты.


Ӕмӕ ныр дӕхӕдӕг ӕвдисӕн: Дунедарӕг мын зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ мӕ сӕрӕгасӕй ныууагъта. Израилы адӕм ӕдзӕрӕг быдыры хӕтӕнхуагӕй куы цардысты, уӕд загъта Дунедарӕг уыцы ныхас Моисейӕн. Уӕдӕй нырмӕ рацыди фондз ӕмӕ дыууиссӕдз азы. Ныр мыл фондз ӕмӕ цыппарыссӕдзы сӕххӕст.


Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры хӕтӕнхуаджы цардӕй фӕцардысты дыууиссӕдз азы бӕрц, цалынмӕ Мысырӕй рацӕуӕг хӕстхъом адӕм иууылдӕр амардысты, уӕдмӕ. Уыдон Дунедарӕджы коммӕ нӕ кастысты, ӕмӕ Дунедарӕг расомы кодта, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары ӕмӕ йӕ раттынӕй сӕ фыдӕлтӕн ард кӕй тыххӕй бахордта, уыцы зӕхх кӕй нӕ фендзысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ