28 Фехъусын сын кӕн: „Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз уын, цы агуырдтат, уый бакӕндзынӕн!
цӕмӕй сӕхи цӕстӕй феной се сӕфт, Ӕппӕтхъомысы азар сӕхӕдӕг куыд бавзарой.
Наутӕ-иу арвы хъӕбысмӕ фехстой сӕхи, стӕй та-иу фурды ӕнӕбын арфы фестадысты; наудзогтӕн-иу сӕ уд атади фыр тӕссӕй.
Цин кӕнӕд уӕларв иууылдӕр, цинӕй райӕд зӕхх; ныннӕрӕд денджыз ӕмӕ, йӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уыдон;
Афтӕ зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг, ӕмӕ Мӕ ныхас сӕххӕст уыдзӕн, аргъӕвӕн ын нал ис. Хиваст адӕм, сымах заманы загътон Ӕз Мӕ ныхас, ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕндзынӕн“», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Адӕм хъуыр-хъуыр кодтой, ӕмӕ сӕ Дунедарӕг хъуыста. Куы сӕ фехъуыста, уӕд сӕм Йӕ маст рафыхти, ныггуыпп кодта Дунедарӕджы арт ӕмӕ рӕсӕнуаты кӕрон аныхъуырдта.
Израилӕгтӕ бустӕ кодтой Моисей ӕмӕ Аароныл. Ӕппӕт дзыллӕ сын дзырдта: «Фӕлтау Мысыры куы амардаиккам! Фӕлтау ацы ӕдзӕрӕг быдыры куы ӕрбамӕликкам!
Фӕлӕ Ӕз сомы кӕны Мӕхицӕй ӕмӕ, ацы зӕхх йемыдзаг кӕмӕй у, Дунедарӕджы уыцы кадӕй,
уыдонӕй иунӕг дӕр нӕ фендзӕн, сӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдтон, уый.
Моисей израилӕгтӕн Дунедарӕджы ныхӕстӕ фехъусын кодта, ӕмӕ адӕм тынг хъыг кодтой.
„Нӕ фендзысты, Мысырӕй чи рацыд, уыцы адӕм, ссӕдз азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, уыдон, Ӕз Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдтон, уый, уымӕн ӕмӕ Мӕ коммӕ нӕ бакастысты.
Ӕмӕ фехъуыста Дунедарӕг уӕ ныхӕстӕ, Йӕ маст уӕм рафыхти, ӕмӕ басомы кодта:
„Ацы адӕмӕй, ацы фыдзӕрдӕ фӕлтӕрӕй, Ӕз сӕ фыдӕлтӕн цы ӕвӕджиауы бӕстӕй зӕрдӕ бавӕрдтон, уый йӕ цӕстӕй дӕр ничи фендзӕн.
Ӕстдӕс ӕмӕ ссӕдз азы аивгъуыдта, Кадеш-Барнеайӕ куы рацыдыстӕм ӕмӕ Зереды сӕрты куы ахызтыстӕм, уӕдӕй нырмӕ. Уӕдмӕ, Дунедарӕг цы хӕстхъомтӕм бартхъирӕн кодта, уыдонӕй иу дӕр удӕгас нал уыд.
Дунедарӕг сӕ Йӕ фыдӕхы хай бакодта, цагъта сӕ, цалынмӕ бынтон скуынӕг сты, уӕдмӕ.
Уӕларвмӕ Мӕ къух сисгӕйӕ, Ме ’нусондзинадӕй сомы кӕнын:
Дыууиссӕдз азы дӕргъы Хуыцауы маст кӕмӕ фыхти? Тӕригъӕдджын чи фӕци ӕмӕ йе стджытӕ ӕдзӕрӕг быдыры кӕмӕн баззадысты, уыдонмӕ Йын нӕ фыхти, ӕви?