Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Нымӕцтӕ 14:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Фӕлӕ ӕндӕрхуызон у мӕ цагъар Калевы удысконд — уый Мыл йӕ зӕрдӕ никуы сивта, ӕмӕ йӕ Ӕз бакӕндзынӕн, амӕй размӕ цы бӕсты уыдис, уырдӕм. Йӕ байзӕддӕгты хай бауыдзӕн уыцы бӕстӕ!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Нымӕцтӕ 14:24
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

О Дунедарӕг, нӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Израилы Хуыцау! Мыггагмӕ бахъахъхъӕн Дӕ адӕмӕн йӕ ацы зӕрдӕйы уаг, цӕмӕй Дыл ма сивой сӕ зӕрдӕ.


Адӕм цин кодтой, Дунедарӕгӕн афтӕ зӕрдиагӕй кӕй хастой сӕ мысайнӕгтӕ, ууыл. Цинӕй ради паддзах Давиды зӕрдӕ дӕр.


Амациа Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кодта, фӕлӕ Йыл бынтон иузӕрдион нӕ уыди.


Мӕ лӕппу, ме ’рдӕм раздах дӕ зӕрдӕ, дӕ цӕстӕнгас мӕ фӕндӕгтӕм сараз.


Амалекӕгтӕ цӕрынц Негевы, хеттӕгтӕ, йевусӕгтӕ ӕмӕ аморӕгтӕ — хӕхты, ханаанӕгтӕ — денджызы был ӕмӕ Иорданы былгӕрӕтты».


Иефоннейы фырт Калев ӕмӕ Нуны фырт Йешуайы йеддӕмӕ сымахӕй ничи бацӕудзӕн, уым уӕ ӕрцӕрын кӕндзынӕн, зӕгъгӕ, уын ард кӕмӕй бахордтон, уыцы бӕстӕм.


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыдонӕй загъта: «Амӕлдзысты ӕдзӕрӕг быдыры». Ӕмӕ сӕ ничиуал баззад, Иефоннейы фырт Калев ӕмӕ Нуны фырт Йешуайы йеддӕмӕ.


Уырдӕм куы бахӕццӕ ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх куы федта, уӕд йӕ зӕрдӕ барухс ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр фӕдзӕхста, цӕмӕй Бардарӕгыл уой иузӕрдион.


Сӕ зӕрдӕ сын балхӕнынӕн цӕстмӕкуыст ма кӕнут, фӕлӕ сын кусут, Хуыцауы фӕндон ӕнувыдӕй чи ӕххӕст кӕны, Чырыстийы уыцы цагъартау.


Ничи, Иефоннейы фырт Калевы йеддӕмӕ, — уый йӕ фендзӕн. Калев ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн Ӕз ратдзынӕн, йӕ къах кӕм ӕрӕвӕрдта, уыцы зӕхх, йӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл кӕй нӕ сивта, уый тыххӕй“.


Уарз Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт уд ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ.


Цыдӕриддӕр кӕнут, уый кӕнут ӕнувыдӕй, адӕмӕн кусӕгау нӕ, фӕлӕ Бардарӕгӕн цыма лӕггад кӕнут, афтӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ