20 Ӕмӕ загъта Дунедарӕг: «Дӕ хатырӕй сын барын.
Денджызы наутыл балцы чи ацыд, ӕгӕрон фурды уылӕнтыл йӕ куыст чи кодта,
Ӕмӕ Дунедарӕг Йӕ фӕнд аивта — Йӕ адӕммӕ цы бӕллӕхӕй ӕвзыста, уый амӕттаг сӕ нал фӕкодта.
Моисей дзуапп радта фараонӕн: «Ӕз кувдзынӕн дӕу тыххӕй, дӕ дӕлдӕртӕ ӕмӕ дӕ адӕмы тыххӕй, фӕлӕ снысан кӕн, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ хӕдзӕрттӕ дӕр цы рӕстӕгмӕ хъуамӕ ссыгъдӕг уой, уый. Галхӕфсытӕ ма баззайдзӕн ӕрмӕстдӕр Нилы».
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Кардӕй чи аирвӕзт, уыцы адӕм хорзӕх ссардтой ӕдзӕрӕг быдыры. Ӕз ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ басабыр кӕндзынӕн Израилы».
Уӕдӕ уӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом кӕнут кӕрӕдзийӕн, кувут кӕрӕдзийы тыххӕй ӕмӕ сӕнӕниз уат. Рӕстгӕнӕджы зӕрдиаг куывды бон бирӕ у.