17 Уӕдӕ кад Дунедарӕджы хъомысӕн! Ды Дӕхӕдӕг куы загътай:
Ӕз та дзаг дӕн Дунедарӕджы Уды хъаруйӕ, рӕстдзинад ӕмӕ ӕхсарӕй, цӕмӕй Йаковӕн, йӕ азым цӕй мидӕг ис, уый зӕгъон ӕмӕ Израилӕн бамбарын кӕнон йӕ тӕригъӕд.
„Дунедарӕджы бон не сси ацы адӕмы, зӕрдӕ сын цы бӕстӕй бавӕрдта, уырдӕм бакӕнын, ӕмӕ сӕ уымӕн ныццагъта ӕдзӕрӕг быдыры“.
„Дунедарӕг бирӕбыхсаг ӕмӕ бирӕбараг у! Уый ныххатыр кӕны рӕдыдтытӕ ӕмӕ тӕригъӕдтӕ, фӕлӕ аххосджыны ӕназымыл нӕ банымайы. Уый ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг тӕригъӕд бафидын кӕны“.
Фӕлӕ сымах хъуамӕ зонат: Адӕймаджы Фыртӕн ахӕм бар ис, цӕмӕй зӕххыл тӕригъӕдтӕ хатыр кӕна». Ӕмӕ ӕндзыгнизӕй хъыгдардӕн загъта: «Рабад, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ ацу уӕхимӕ».
Адӕм уый куы федтой, уӕд сӕ тас бацыд ӕмӕ кад кодтой ахӕм хъару адӕмӕн раттӕг Хуыцауӕн.