5 Сыкъауадындзтӕ фӕдисы уаст куы ныккӕной, уӕд сӕ фӕндаг дарӕнт, скӕсӕны чи лӕууыд, уыцы ӕфсӕдтӕ;
Дунедарӕг загъта: «Хъӕр кӕн дӕ тых, дӕ бонӕй, сыкъауадындзау азӕлӕд дӕ хъӕлӕс! Мӕ адӕмӕн, Йаковы байзӕддӕгтӕн, бауайдзӕф кӕн сӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй!
Сионы хохыл сыкъауадындзтӕй ныууасут! Фӕдисхъӕр райхъуысӕд Мӕ уаз хохӕй! Зӕххон цӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр нырризӕнт, уымӕн ӕмӕ ӕрхӕццӕ кӕны, ӕрбахӕстӕг ис Дунедарӕджы Бон.
Фыццаг уал, къорд къорды фӕдыл, араст ис Иудӕйы байзӕддӕгты ӕфсад, сӕ разӕй — Нахшон, Аминадавы фырт.