13 Уӕд фыццаг хатт сыстадысты сӕ бынатӕй, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Фыццаг уал, къорд къорды фӕдыл, араст ис Иудӕйы байзӕддӕгты ӕфсад, сӕ разӕй — Нахшон, Аминадавы фырт.
Мигъ-иу цалдӕр боны куы бадти Уаз Цӕрӕны сӕрмӕ, уӕд-иу израилӕгтӕ, Дунедарӕджы амындӕй, сӕ бынаты лӕууыдысты ӕмӕ-иу стӕй, Дунедарӕджы амындӕй, сӕ фӕндаг дарддӕр кодтой.
Дунедарӕджы амындӕй-иу ӕрлӕууыдысты ӕмӕ-иу Дунедарӕджы амындӕй дарддӕр сӕ фӕндаг кодтой. Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ кодтой.
«Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, загъта махӕн Хоревы: „Ӕгъгъӕд уын у ацы хохы рӕбын цӕрын.