47 Левиттӕ нӕ бахаудтой сфыстмӕ.
Ӕцӕг, Йоав уыдоны хыгъдмӕ нӕ бахаста левитты ӕмӕ Бениамины мыггаг, уымӕн ӕмӕ паддзахы фӕдзӕхст йӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыди.
Израилы хӕстхъомтӕй ссӕдз азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, уыдоны нымӕц Ааронимӕ бахынцут.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта:
Левиттӕн бабар кӕн, цӕмӕй сӕ цӕст дарой Фембӕлды Цатыр ӕмӕ йе ’ппӕт мигӕнӕнтӕ, цыдӕриддӕр ӕм хауы, уыдонмӕ. Хӕссӕнт Цатыр ӕмӕ йе ’ппӕт мигӕнӕнтӕ, сӕ цӕст дарӕнт Цатырмӕ. Сӕ рӕсӕнуат — йӕ алыварс.
Уыимӕ левиттӕ израилӕгты хыгъдмӕ хаст не ’рцыдысты, Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ.
Мӕнӕ, Дунедарӕг Синайы хохыл Моисеимӕ куы дзырдта, уӕд Аарон ӕмӕ Моисейӕн цы байзӕддӕгтӕ уыдис, уыдон.
Дунедарӕг Моисейӕн Синайы ӕдзӕрӕг быдыры загъта:
«Банымай Левийы байзӕддӕгты хӕдзаргай, мыгаггай; нӕлгоймагӕй дзы чидӕриддӕр ис, иумӕйдзыд ӕмӕ уымӕй хистӕртӕ, уыдоны се ’ппӕты дӕр банымай».
Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ нымад ӕрцыдысты ӕмӕ дзы алкӕмӕн дӕр сбӕлвырд ис йӕ куыст ӕмӕ йӕ хӕс. Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, алцыдӕр афтӕ бакодтой.