3 Йешуа ӕхсон кӕрдтӕ сарӕзта, ӕмӕ израилӕгтӕн сунӕт скодта, «Сунӕты къуыбыр» кӕй схуыдтой, уым.
Уӕд Циппора райста ӕхсон цыргъаг, йӕ лӕппуйӕн скодта сунӕт, сунӕты лыггагӕй байсӕрста Моисейы къӕхтӕ ӕмӕ загъта: «Туджы фӕрцы дӕ мӕ мойаг».
Уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, райсӕд йӕ дзуар ӕмӕ рацӕуӕд Мӕ фӕдыл.
Уыцы заман Дунедарӕг Йешуайӕн загъта: «Ӕхсон кӕрдтӕ сараз ӕмӕ израилӕгтӕн ног сунӕт скӕн».
Сунӕт та сын Йешуа уымӕн скодта, ӕмӕ Мысырӕй сыстӕг нӕлгоймӕгтӕ, хӕстхъом лӕгтӕ, иууылдӕр амардысты Мысырӕй рацӕуыны фӕстӕ ӕдзӕрӕг быдыры, хӕтӕнхуаг царды заман.