Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Нуны фырт Йешуа 4:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 ӕмӕ сын бафӕдзӕхсут, цӕмӕй, Иорданы бӕстастӕу сауджынтӕ кӕм лӕууынц, уырдыгӕй сисой дыууадӕс дуры, семӕ сӕ ахӕссой ӕмӕ, ӕхсӕвиуат кӕм кӕндзыстут, уым сӕ ӕрӕвӕрой».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Нуны фырт Йешуа 4:3
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Зӕрдылдаринагӕн цы дур сӕвӕрдтон, уый Хуыцауы хӕдзар суыдзӕн ӕмӕ мын цыдӕриддӕр дӕттай, уымӕн Дын фӕстӕмӕ йӕ дӕсӕймаг хай дӕтдзынӕн».


Рухсӕй Дӕхи сфӕлыстай дарӕсау ӕмӕ арв айтыгътай цатырау,


Дунедарӕг фесафдзӕн алы козбау ӕвзаджы хицауы, хиппӕлой ӕвзаг акъуырдзӕн.


Фӕлӕ сын Йесо дзуапп радта: «Зӕгъын уын: уыдон куы ныхъхъус уой, уӕд дуртӕ ныхъхъӕр кӕндзысты».


Ӕмӕ Йешуа адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр загъта: «Ацы дур нын уыдзӕни ӕвдисӕн: уый фехъуыста, Дунедарӕг нын цыдӕриддӕр загъта, уыдон. Хуыцауыл уӕхи куы атигъ кӕнат, уӕд ацы дур ӕвдисӕн уыдзӕни уӕ ныхмӕ».


Дунедарӕджы, ӕппӕт зӕххы Бардарӕджы, Фидыды Чырын хӕссӕг сауджынтӕн сӕ къӕхтӕ куыддӕр доныл андзӕвой, афтӕ Иорданы дон айсысдзӕн. Йӕ гуырӕнтӕй цыдӕриддӕр дон кӕлы, уый ауӕзтау ӕрлӕудзӕн, къуламады хуызӕн слӕудзӕн».


Йешуа израилӕгтӕй равзӕрста дыууадӕс лӕджы, алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр иу лӕг,


Йешуайы фӕдзӕхст сӕххӕст кодтой израилӕгтӕ. Дунедарӕг Йешуайӕн куыд загъта, афтӕ Иорданы бӕстастӕуӕй систой дыууадӕс дуры, Израилы хӕдзарвӕндӕгты нымӕцмӕ гӕсгӕ, рӕсӕнуатмӕ сӕ рахастой ӕмӕ сӕ уым ӕрӕвӕрдтой.


Самуел Мицпа ӕмӕ Шены ӕхсӕн ныссагъта дур ӕмӕ йӕ схуыдта Евен-Езер. Загъта: «Ацы бынаты онг нын Дунедарӕг ӕххуыс кодта».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ