3 Ӕмӕ паддзах йӕ чапарты барвыста Рахавмӕ ахӕм бардзырдимӕ: «Дӕ уазджыты нӕм ракӕн! Сгарджытӕ сты, нӕ бӕстӕ басгарынмӕ нын ӕрбацыдысты».
Уымӕй иу-ӕртӕ мӕйы фӕстӕдӕр Иудӕмӕ чидӕр фӕхабар кодта: «Дӕ чындз Тамар хъахбай сыл разынди, суанг ма сывӕрджын дӕр баци». Иудӕ бафӕдзӕхста: «Ракӕнут ӕй ӕмӕ йӕ арты басудзут».
фӕлӕ йын загътам: „Мах ӕууӕнкджын адӕм стӕм, сгарджытӕ никуы уыдыстӕм.
Фӕлӕ аммонаг барджынтӕ сӕ паддзахӕн, Ханунӕн, загътой: «Ныр дӕ ӕцӕгдӕр уырны, Давид дын дӕ фыды сӕр нымайы, ӕмӕ адон дӕ зыны заман дӕ цуры уымӕн ӕрбалӕууыдысты? Нӕ, уый дӕм сӕ уый тыххӕй ӕрбарвыста, цӕмӕй сахарыл сӕ цӕст ахӕссой, басгарой йӕ ӕмӕ йӕ стӕй ныггӕныстон кӕной».
Авессаломы дӕлдӕртӕ сылгоймагмӕ бацыдысты ӕмӕ йӕ фарстой: «Кӕм сты Ахимаац ӕмӕ Йонатан?» Уый сын загъта: «Доны сӕрты ахызтысты». Авессаломы дӕлдӕртӕ рацагур-бацагур фӕкодтой, фӕлӕ ницы ссардтой ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхтысты Йерусалиммӕ.
Аммонаг ӕлдӕрттӕ загътой Ханунӕн: «Ныр дӕ ӕцӕгдӕр уырны, Давид дын дӕ фыды сӕр нымайы, ӕмӕ адон дӕ зыны заман дӕ цуры уымӕн ӕрбалӕууыдысты? Нӕ, уый дӕм сӕ уый тыххӕй ӕрбарвыста, цӕмӕй бӕстӕйыл сӕ цӕст ахӕссой, басгарой йӕ ӕмӕ йӕ стӕй ныггӕныстон кӕной».
бӕллӕхы бон фыдгӕнӕг ӕнӕхъыгдардӕй баззайы, Азары бон ацӕуы йӕ иувӕрсты.
«Уыцы фауӕджы рӕсӕнуатӕй ӕддӕмӕ ракӕн. Чидӕриддӕр ӕй фехъуыста, уыдон ын сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт ӕмӕ йӕ адӕм дурты бын фӕкӕнӕнт.
Пилат ногӕй рацыд адӕммӕ ӕмӕ сын загъта: «Ӕз уӕм Ӕй ныртӕккӕ рахондзынӕн, цӕмӕй зонат, кӕй ницы аххос Ӕм арын, уый».
Ӕрцахсын кодта Петры, ахӕстоны йӕ бакодта ӕмӕ йын, фӕйнӕ цыппар ӕфсӕддоны кӕм уыд, ахӕм цыппар къорды хъахъхъӕнӕг сӕвӕрдта. Иродмӕ уыди Куадзӕны фӕстӕ йын адӕмы раз тӕрхон кӕныны фӕнд.
Ирод ӕй тӕрхонмӕ ракӕнынмӕ куы хъавыд, раст уыцы боны размӕ Петр ӕхсӕвы, дыууӕ рӕхысӕй бастӕй, фынӕй кодта дыууӕ ӕфсӕддоны ӕхсӕн; хъахъхъӕнджытӕ лӕууыдысты дуармӕ дӕр ӕмӕ ахӕстон хъахъхъӕдтой.
Ӕмӕ йӕм ӕрбакодтой Йерусалимы паддзахы, Хевроны паддзахы, Йармуты паддзахы, Лахишы паддзахы ӕмӕ Еглоны паддзахы.
Йерихоны паддзахмӕ дзырд бахастӕуыд: «Ахсӕв нӕ сахары фӕзынд израилаг сгарджыты къорд».
Фӕлӕ сылгоймаг уӕдмӕ дыууӕ лӕджы йӕ уӕлхӕдзар гӕны куыристы бын бамбӕхста, адонӕн та загъта: «Ӕцӕгдӕр мӕм чидӕртӕ уыди, фӕлӕ кӕцон сты, уый нӕ базыдтон. Изӕрӕрдӕм, сахары кулдуар сӕхгӕныны хӕдразмӕ, ацыдысты. Кӕцырдӕм, уый нӕ зонын, фӕлӕ сӕ ацы сахат куы асурат, уӕд сӕ, чи зоны, баййафат».
Сисера йын загъта: «Цатырмӕ бахизӕны раз слӕуу. Исчи куы ’рбацӕуа ӕмӕ дӕ куы фӕрса, цатыры исчи ис, зӕгъгӕ, уӕд-иу мӕ ма схъӕр кӕн».