Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Неемиа 9:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Ӕмӕ уыдон бацахстой фидаргонд сахартӕ ӕмӕ сойджын зӕххытӕ, сӕхи бакодтой алыхуызон мулкӕй йемыдзаг хӕдзӕрттӕ ӕмӕ айнӕджы риуы къахт донмарӕнтӕ, сӕхи бакодтой сӕндӕттӕ, оливӕ бӕлӕсты къохтӕ ӕмӕ ӕнӕнымӕц дыргъдӕттӕ. Хордтой, сӕхи ӕфсӕстой, хуыз сӕ бацыди, ӕмӕ цардӕй къӕртт ӕппӕрстой Де стыр хорзӕхы фӕрцы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Неемиа 9:25
25 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ды та, дӕ размӕ чи уыд, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр разындтӕ ӕвзӕрдӕр. Иуварс Мӕ фехстай дӕ зӕрдӕйӕ, дӕхицӕн скодтай ӕндӕр хуыцӕуттӕ, джиппыуагъд гуымирытӕ ӕмӕ Мӕ смӕсты кодтай.


Ӕстӕм бон паддзах Соломон адӕмы ауагъта. Уыдон ын арфӕ ракодтой ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм араст сты, Дунедарӕг Йӕ лӕггадгӕнӕг Давидӕн ӕмӕ Йӕ адӕм Израилӕн цы бирӕ хӕрзты бацыд, уыдоныл цингӕнгӕйӕ ӕмӕ райгӕйӕ.


Де стыр хорзӕхӕй хайджын уӕвгӕйӕ, суанг сӕ паддзахады дӕр, Ды сын кӕй рахицӕн кодтай, уыцы парахат ӕмӕ сойджын зӕххыл нӕ лӕггад кодтой Дӕуӕн ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ нӕ ныууагътой.


Фӕлӕ та-иу сын сӕ хъизӕмармӕ куы ’ркасти, се ’рдиаг-иу Йӕ хъустыл куы ауад,


Ахсӕн хызы нӕ баппӕрстай, хъадамантӕ ныл сӕвӕрдтай,


цӕмӕй, куы фелгъӕд уон, уӕд Дӕ ма ферох кӕнон ӕмӕ афтӕ ма зӕгъон: «Дунедарӕг та чи у?»; цӕмӕй фыр мӕгуырӕй давын ма райдайон ӕмӕ Дын Дӕ ном ма сӕгад кӕнон.


Уыцы адӕмӕн сӕ зонд баталынг кӕн, бакъуырма, бакуырм сӕ кӕн, цӕмӕй цӕстӕй мауал уыной, хъусӕй ма фехъусой ӕмӕ зондӕй ма бамбарой, цӕмӕй сӕ галиу фӕндаг ма ныууадзой ӕмӕ ма сдзӕбӕх уой».


Мӕ зӕрдыл дарын Дунедарӕджы хӕрзтӕ, Дунедарӕджы кад. Уый Израилӕн бацыди бирӕ хӕрзты ӕмӕ сӕ ныронг дӕр дӕтты рӕдауӕй.


Ӕз уӕ бакодтон сойджын зӕхмӕ, цӕмӕй йын бафсӕдат йӕ хор ӕмӕ йӕ фарнӕй, сымах та Мын Мӕ зӕхмӕ бацыдыстут ӕмӕ йӕ фӕчъизи кодтат, сӕлгъаг Мын кодтат Мӕ исбон!


Хӕринаджы хуыздӕрӕй бафсаддзынӕн сауджынты, Мӕ рӕдаудзинадӕй бафсӕддзысты Мӕ адӕм, — зӕгъы Дунедарӕг.


Уыдон ӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ йӕ бацахстой, фӕлӕ Дын Дӕ ныхасмӕ нӕ хъуыстой, Де ’Гъдаумӕ гӕсгӕ нӕ цардысты. Цы сын бафӕдзӕхстай, уыдӕттӕ не ’ххӕст кодтой, ӕмӕ сыл Ды ацы фыдбылызтӕ уымӕн ӕруагътай.


Уыцы бон сын Ӕз, Мӕ къух уӕлӕмӕ сисгӕйӕ, расомы кодтон, Мысыры зӕххӕй сӕ кӕй ракӕндзынӕн, цы зӕхх сын равзӕрстон — ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уырдӕм, ӕппӕт зӕххыты диссагдӕрмӕ.


Ӕппӕты хъӕздыгдӕр бӕстӕтӕм бабырсдзӕн ӕмӕ, нӕдӕр йӕ фыдӕлтӕ, нӕдӕр йӕ фыдӕлты фыдӕлтӕ кӕй нӕ кодтой, ахӕм фыдбылызтӕ сараздзӕн. Тыхтонайӕ цыдӕриддӕр байса, уыдон йӕ фӕсдзӕуинты ’хсӕн ӕнӕвгъауӕй уардзӕн ӕмӕ йе знӕгты фидӕртты ныхмӕ тох кӕндзӕн, фӕлӕ афтӕ уыдзӕн ӕрмӕстдӕр бӕлвырд ӕмгъуыдмӕ.


Уыгӕрдӕн сӕ къухы куы бафтыд ӕмӕ куы бафсӕстысты, уӕд схъал сты. Рох дӕр Мӕ уымӕн фӕкодтой.


Уый фӕстӕ ӕрфӕсмон кӕндзысты ӕмӕ ӕрцагурдзысты Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, стӕй сӕ паддзах Давиды. Фӕстаг заманы Дунедарӕджы раз аргъуыц кӕнын райдайдзысты ӕмӕ Йын Йӕ хорзӕх агурдзысты.


Ӕви Хуыцау хӕрзаудӕг, барон ӕмӕ бирӕбыхсаг кӕй у ӕмӕ дӕ Йе ’нӕкӕрон зӕрдӕхӕларӕй ӕрфӕсмон кӕнынмӕ кӕй хоны, уый не ’мбарыс?


Иууылдӕр уыдысты, сӕ алыварс бӕрзонд систӕ кӕмӕн уыд, ахӕм ӕхгӕд сахартӕ, кулдуӕрттӕ ӕмӕ ӕвдузӕнтимӕ. Уыдонӕй уӕлдай ма басастам, бырутӕй ӕхгӕд чи нӕ уыд, бирӕ ахӕм сахартӕ дӕр.


Систа сӕ Уый зӕххы бӕрзӕндтӕм ӕмӕ сӕ быдыры тыллӕгӕй хаста, айнӕгӕй сын мыд лӕмӕрста, къӕдзӕхӕй — оливӕйы сой,


ӕхсырысӕртӕ, сӕгъы ӕхсыр сын дардта, башайнаг нард стуртӕ ӕмӕ фысвосы фыдӕй, ӕвзаргӕ мӕнӕуӕй сӕ хаста, сӕнӕфсиры тугӕй сын сӕ дойны уагъта.


Афтӕмӕй Йешуруныл хуыз фӕхӕцыд, ӕмӕ зӕвӕтдзӕгъдӕн систа. Снард сты, сӕ цармы нал цыдысты ӕмӕ коммӕ нал кастысты. Сӕхи атигъ кодтой се Скӕнӕг Хуыцауыл, ныууагътой сӕ ирвӕзӕн Къӕдзӕхы.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ