21 Афтӕ уыди нӕ куыст: сӕуӕхсидӕй суанг стъалыты фӕзындмӕ адӕмӕн се ’мбис ӕрцытӕ нӕ уӕгъд кодтой сӕ къухтӕй.
Уымӕ гӕсгӕ уӕ хъус дарут, ӕмӕ уӕм хӕтӕлы уаст кӕцӕй фехъуыса, уырдӕм-иу ӕвӕстиатӕй ӕрбамбырд ут. Нӕ Хуыцау нӕ бӕсты тох кӕндзӕни».
Ноджыдӕр ма уыди уыцы рӕстӕг мӕ ныхас адӕмӕн: «Йерусалимы уӕ алчидӕр ӕхсӕвиуат кӕнӕд йӕ лӕггадгӕнджытимӕ: уыдон нын ӕхсӕв хъахъхъӕнӕг уыдзысты, бон та кусгӕ кӕндзысты».
Фӕлӕ ӕз, цы дӕн, уый Хуыцауы хорзӕхӕй дӕн. Ӕмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын дзӕгъӕлы нӕ фӕдӕн: ӕз се ’ппӕтӕй дӕр фылдӕр бакуыстон — ӕниу, ӕз нӕ, фӕлӕ мемӕ чи ис, Хуыцауы уыцы хорзӕх.
Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ут фидар, ӕнӕфӕцудгӕ, иудадзыг ӕмӕ зӕрдиагӕй кусут Бардарӕгӕн; уӕ фӕллойы тыххӕй Бардарӕгӕй ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй кӕй нӕ баззайдзыстут, уый зонут.
Уӕдӕ ӕвӕллайгӕйӕ аразӕм хорз хъуыддӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ, кӕд нӕ хъару нӕ асӕтта, уӕд йӕ заманы ӕркӕрддзыстӕм, цы байтауӕм, уый.
Чырыстийы хъомысджын тыхӕй ӕз уый сӕраппонд кусыныл мӕхи хъарын.