Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Неемиа 2:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Радзырдтон сын, мӕ Хуыцау мыл Йӕ рӕстаудӕг арм кӕй дары, уый тыххӕй, стӕй сын паддзахы ныхӕстӕ дӕр рафӕзмыдтон. Уыдон загътой: «Аразынмӕ бавналӕм», ӕмӕ фарны хъуыддагмӕ сӕхи рацӕттӕ кодтой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Неемиа 2:18
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ныр уӕхиуыл фӕхӕцут ӕмӕ фидар лӕуут, уымӕн ӕмӕ уӕ паддзах Саул фӕмард ис, мӕн та Иудӕйы хӕдзарвӕндаг йӕхицӕн паддзахӕй байсӕрста».


Мӕнӕ, Давид Дунедарӕджы фӕндонӕй Израилы паддзах цӕмӕй суа, уый тыххӕй Израилы адӕмимӕ йӕ фарс чи рахӕцыд, йӕ уыцы ӕхсарджынты хистӕртӕ.


Фидар лӕуу! Махӕн нӕ хӕс у нӕ адӕмы ӕмӕ нӕ Хуыцауы сахарты сӕраппонд схӕцын, ӕмӕ, Дунедарӕг цы зӕгъа, уый уӕд».


Езекиа фӕныфсджын ис ӕмӕ ногӕй рацарӕзта сахары хӕлд быру, уый уӕлӕ та сарӕзта мӕсгуытӕ, ноджы ма быруйы ӕдде саразын кодта ӕндӕр быру дӕр. Давиды сахары бафидӕрттӕ кодта Милло, бирӕ хӕцӕнгӕрзтӕ ӕмӕ уартытӕ ӕрцӕттӕ кодта.


Авд боны цин кодтой Донгонд дзулты бӕрӕгбоныл. Уымӕн ӕмӕ сын Дунедарӕг арфӕ ракодта, Ассирийы паддзахы зӕрдӕ сӕм раздӕхта, ӕмӕ сын уый йе ’ххуысы руаджы Израилы Хуыцауы хӕдзар аразынмӕ сӕ къухтӕ сфидар кодта.


Стӕй мын ныффыссӕд паддзахы хъӕдгӕс Асафмӕ, цӕмӕй мын хъӕдӕрмӕг радта Хуыцауы хӕдзары гӕнах, сахары къултӕ ӕмӕ, кӕм цӕрдзынӕн, уыцы хӕдзары кулдуӕртты фаг». Ныффыста мын паддзах гӕххӕтт, уымӕн ӕмӕ мыл Хуыцау йӕ хӕрзаудӕг арм дардта.


Ӕппынфӕстаг, ме ’фсымӕртӕ, удвидар кӕнут Бардарӕгимӕ, Йӕ хъомыс ӕмӕ Йӕ хъаруйы фӕрцы.


уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг кусы уӕ зӕрдӕты — фӕндон Ын чи у, уӕ уыцы бӕллицтӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ Уымӕй рацӕуынц.


Уыцы рӕстӕг Саулы фырт Ионатан араст ис Хорешмӕ, Давидмӕ. Хуыцауыл дӕ зӕрдӕ дар, зӕгъгӕ дзы ныфс бауагъта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ