Неемиа 13:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст25 Уый тыххӕй ӕз семӕ схъаугъа дӕн, ралгъыстон сӕ, кӕйдӕрты дзы нӕмгӕ дӕр ракодтон, сӕ сӕрыхъуынтӕй сӕ фӕралас-балас кодтон ӕмӕ сын загътон, цӕмӕй Хуыцауӕй басомы кӕной, сӕ чызджыты ӕцӕгӕлон адӕмтӕм моймӕ кӕй нал дӕтдзысты, уыдоны чызджыты та сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ фырттӕн дӕр кӕй нал курдзысты. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Ӕз мӕ рон, цыма мӕ хӕзнатӕ зӕхмӕ калын, афтӕ ӕрцӕгъдӕгау кодтон ӕмӕ загътон: «Йӕ дзырдӕн хицау чи нӕ разына, уыцы адӕймаджы дӕр Хуыцау раст афтӕ фӕхауӕггаг кӕнӕд йӕ хӕдзарӕй ӕмӕ йӕ исбонӕй, ӕмӕ мӕ ронау афтидӕй аззайӕд!» Иууылдӕр загътой: «Аммен!» ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн. Адӕм хицау разындысты сӕ дзырдӕн.