Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Неемиа 13:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Уый тыххӕй ӕз бауайдзӕф кодтон, хистӕрад кӕй бӕрны уыди, уыдонӕн, ӕдзӕллагӕй цӕмӕн ныууагътам Хуыцауы хӕдзар, зӕгъгӕ. Ӕрӕмбырд кодтон левитты ӕмӕ сӕ алкӕй йӕ бынаты сӕвӕрдтон.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Неемиа 13:11
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уымӕн ӕмӕ уыцы уӕттӕм израилӕгты ӕмрӕнхъ левиттӕ дӕр хъуамӕ хӕссой хуынтӕ: дзул, сӕн ӕмӕ сой. Уым сты кувӕн мигӕнӕнтӕ, лӕггадгӕнӕг сауджынтӕ, дуаргӕстӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ дӕр. Мах нӕ Хуыцауы хӕдзар нӕ ныууадздзыстӕм.


Ӕз бауайдзаф кодтон Иудейы уӕздӕттӕн, ахӕм ӕвзӕр митӕ уӕ сӕрмӕ цӕмӕн хӕссут ӕмӕ сабаты бон цӕмӕн чъизи кӕнут, зӕгъгӕ.


Уый тыххӕй ӕз семӕ схъаугъа дӕн, ралгъыстон сӕ, кӕйдӕрты дзы нӕмгӕ дӕр ракодтон, сӕ сӕрыхъуынтӕй сӕ фӕралас-балас кодтон ӕмӕ сын загътон, цӕмӕй Хуыцауӕй басомы кӕной, сӕ чызджыты ӕцӕгӕлон адӕмтӕм моймӕ кӕй нал дӕтдзысты, уыдоны чызджыты та сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ фырттӕн дӕр кӕй нал курдзысты.


уӕд ӕз тӕрсин дзыллӕйӕ, мӕ мыггаг мыл ӕлгъ куы кӕной, уымӕй, ӕмӕ мӕ дзых ныххуыин, хӕдзарӕй ӕддӕмӕ дӕр нал ракӕсин.


Хуыцауы ӕгъдау чи ферох кодта, уыдон ӕнӕхуыцӕуттӕй феппӕлынц, фӕлӕ, Хуыцауы ’гъдау чи хъахъхъӕны, уыдон сӕ ныхмӕ тох кӕнынц.


Ӕрыгон сауджынтӕ Дунедарӕджы раз цыдысты стыр тӕригъӕды, уымӕн ӕмӕ Йын афтӕмӕй Йӕ номыл хаст нывӕндтӕ ӕгад кодтой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ