38 Зарӕггӕнджыты дыккаг къорд сисыл цыди сӕ ныхмӕ, сӕ фӕдыл та адӕмы иннӕ хаимӕ цыдтӕн ӕз: Пецы мӕсыджы рӕзты Фӕтӕн сисы онг.
Уӕд ӕз Иудейы хицӕутты ахуыдтон сисы сӕрмӕ. Зарӕггӕнджыты дыууӕ стыр къорды цӕуынӕввонг ӕрлӕууын кодтон. Къордтӕй иу сисы сӕрты араст рахизӕрдӕм, Фаджыскалӕн кулдуары ’рдӕм.
Къул дарддӕр, уыимӕ — Пецы мӕсыг дӕр, амадтой Харимы фырт Малкиа ӕмӕ Пахат-Моавы фырт Хашшув.
Къулы иннӕ хай амадта Хархаиайы фырт, зӕрингуырд Уззиел, йӕ фарсмӕ та — Хананиа, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ аразӕг. Уыйадыл Йерусалим, куыд уыди, афтӕ фӕстӕмӕ скодтой — суанг Фӕтӕн Къулы онг.