25 Маттаниа, Бакбукиа, Овадиа, Мешуллам, Талмон, Аккув — хъахъхъӕнджытӕ, кулдуӕртты раз ӕфснайӕн бынӕтты хъахъхъӕнджытӕ.
Сахары кӕронмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд кулдуаргӕстӕм фӕдзырдтой ӕмӕ сын рахабар кодтой, зӕгъгӕ, сириаг рӕсӕнуатмӕ бацыдыстӕм, ӕмӕ дзы иу адӕймаг дӕр нӕ зыны, иу хъыпп-сыпп дзы никуыцӕй хъуысы, ӕрмӕстдӕр дзы ис баст бӕхтӕ ӕмӕ хӕрджытӕ, стӕй ӕд ис-бис цатыртӕ.
Афтӕмӕй сӕ бӕрны уыди Фембӕлды Цатыры куыст ӕмӕ Кувӕндоны куыст; хъуамӕ се ’рвадӕлтӕн, Аароны байзӕддӕгтӕн, ӕххуыс кодтаиккой Дунедарӕджы хӕдзары.
Ацы дуаргӕсты къордтӕ, сӕ хистӕртӕ сӕ сӕргъы, афтӕмӕй се ’рвад-ӕфсымӕртау лӕггад кодтой Дунедарӕджы хӕдзары.
Овед-Едоммӕ ӕрхауд хуссарӕрдыгӕй кулдуар, йӕ фырттӕм та — Кувӕндоны ӕфтауцуат.
Скӕсӕнӕрдыгӕй алы бон дӕр лӕууыд ӕхсӕз левиты, цӕгатӕрдыгӕй — цыппар, хуссарӕрдыгӕй — цыппар, дыууӕ ӕфтауцуаты цур та — дыгӕйттӕ.
Йӕ фыд Давиды фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ скодта сауджынты куысты рад, стӕй левитты куысты рад, сӕ хӕстӕм гӕсгӕ, цӕмӕй стауой Дунедарӕджы, ӕххуыс кӕной сауджынтӕн, алы боны фӕткмӕ гӕсгӕ. Ноджы ма алы кулдуары раз дӕр скодта хъахъхъӕнджыты рад, йӕ фыд Давид, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг, куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Ӕмӕ хъалагъур домбайы рыхт ныккодта: «О Дунедарӕг! Ӕгас бон фӕдардтон мӕ хъус, ӕрвылӕхсӕв хъалагъур лӕууыдтӕн,