16 ӕмӕ Шабтай ӕмӕ Йозавад — Хуыцауы хӕдзары ӕдде цы хъуыддӕгтӕ уыди, уыдон ӕххӕстгӕнӕг левитты хистӕртӕй,
Иннӕ левиттӕ, се ’рвадӕлтӕ, сӕ цӕст дардтой Хуыцауы хӕдзары хӕзнатӕм, уыимӕ уаз хӕзнатӕм дӕр.
Ицхары байзӕддагӕй: Кенаниа ӕмӕ йӕ фырттӕ. Адон Кувӕндоны нӕ куыстой, Израилӕн сӕ баурӕдтой бӕрнылӕгтӕ ӕмӕ тӕрхоны лӕгтӕй.
Ныхмӕ рацыдысты ӕрмӕст Йонатан, Асаелы фырт, ӕмӕ Йахзе, Тиквайы фырт. Уыдоны фарс ма рахӕцыдысты Мешуллам ӕмӕ Шабтай-левит дӕр.
цыппӕрӕм бон, ӕвзист дӕр, сыгъзӕрин дӕр, мигӕнӕнтӕ дӕр барст-нымадӕй нӕ Хуыцауы хӕдзармӕ фӕхӕццӕ кодтам. Къухӕй-къухмӕ сӕ барст-нымадӕй радтам сауджын Меремотмӕ, Уриайы фыртмӕ, стӕй левиттӕм — Пинхасы фырт Елеазар, Йешуайы фырт Йозавад ӕмӕ Биннуйы фырт Ноадиамӕ.
Левиттӕй: Шемайа, Хашшувы фырт, Азрикамы фырт, Хашавиайы фырт, Буннийы фырт,
ӕмӕ Маттаниа, Михайы фырт, Завдийы фырты фырт, Асафы фыртӕн йӕ фырты фырт, кувыны рӕстӕг сӕйраг куывдамонӕг; йӕ фӕстӕ йе ’фсымӕртӕй дыккаг зарӕггӕнӕг — Бакбукиа, стӕй Авда, Шаммуайы фырт, Галалы фырты фырты, Йедутуны фыртӕн йӕ фырты фырт.
Йешуа, Бани, Шеревиа, Йамин, Аккув, Шабтай, Ходиа, Маасеа, Келита, Азариа, Йозавад, Ханан, Пелаиа, — ацы левиттӕ адӕмӕн ӕмбарын кодтой дин, ӕмӕ сӕм уыдон сӕ бынӕттӕй лӕмбынӕг хъуыстой.