Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Наум 3:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Дӕ хӕстонтӕ ӕнӕнымӕц сты мӕтыхтау, де ’фсӕддон хицӕуттӕ сбирӕ сты бындзытау. Уазал бон систӕм сбырынц, фӕлӕ, куыддӕр хур ракӕсы, афтӕ алырдӕмты фӕтӕхынц, ӕмӕ сын сӕ фӕд ссарӕн дӕр нал вӕййы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Наум 3:17
4 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕгас зӕххыл уӕ тырысатӕ сисут! Адӕмты ’хсӕн сыкъауадындзтӕй ныууасут! Арарат, Минни ӕмӕ Ашкеназы паддзахӕдтӕм фӕсидут, цӕмӕй Вавилоны ныхмӕ схӕцой! Йӕ ныхмӕ тох кӕнынӕн равзарут фӕтӕг! Уӕ бӕхтыл ӕм мӕтыхтау бабырсут!


Акъуырдтой йӕ ӕндӕрбӕстӕгтӕ, адӕмты фыддӕртӕ, ӕмӕ йӕ афӕлдӕхтой хӕхтыл. Ӕппӕт дӕлвӕзтыл адӕргъ сты йӕ къабузтӕ, йӕ къалиутӕ ныппырх сты ӕппӕт мӕсчъытыл. Йӕ аууоны цы знӕмтӕ царди, уыдон ӕй ныууагътой ӕмӕ ацыдысты.


Хӕлоф кӕнут ӕвзистыл! Сыгъзӕрин давут! Сӕ хӕзнатӕ ӕнӕнымӕц сты, банымайӕн дӕр сын нӕй.


Мӕтыхтӕ уыдысты хӕстмӕ ифтонг бӕхты хуызӕн. Сӕ сӕртыл — сыгъзӕрин кады худты хуызӕттӕ, сӕ цӕсгӕмттӕ — адӕймаджы цӕсгомы хуызӕн,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ