Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Матфей 9:35 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

35 Йесо зылди ӕппӕт сахартӕ ӕмӕ хъӕутыл, адӕмӕн амыдта синагогӕты, хъусын кодта Фарны Уац Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, рынчынтӕ ӕмӕ нӕфӕразгӕты иууылдӕр дзӕбӕх кодта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Матфей 9:35
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йесо фӕсидти Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ ӕмӕ сын радта тых, цӕмӕй сӕ бар цӕуа ӕнӕзӕгъинӕгтыл ӕмӕ сӕ адӕмӕй сурой, дзӕбӕх кӕной ӕппӕт рынчынты ӕмӕ нӕфӕразгӕты.


Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагӕн уыдӕттӕ бафӕдзӕхсыны фӕстӕ Йесо уырдыгӕй ацыди, цӕмӕй иннӕ сахарты дӕр адӕмӕн амона ӕмӕ сын Фарны Уац хъусын кӕна.


куырмытӕ райдыдтой уынын, цӕнкуылтӕ — цӕуын, хъотырджынтӕн сӕ низ сӕфы, къуырматӕ хъусынц, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, мӕгуыртӕ хъусынц Фарны Уац.


Иоанны куы ӕрцахстой, уӕд Йесо ӕрбацыди Галилеймӕ ӕмӕ хъусын кодта Хуыцауы Фарны Уац:


Кӕдӕмфӕнды ма бацыдаид Йесо, хъӕутӕм кӕнӕ сахартӕм, рынчынты-иу фӕзты ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ куырдтой, цӕмӕй сӕ уӕд та Йӕ пӕлӕзы хаутыл андзӕвын бауадза. Ӕмӕ-иу Йесойыл чидӕриддӕр андзӕвыд, уый-иу сдзӕбӕх ис.


Диссаг Ӕм каст, кӕй ницы сӕ уырны, уый. Йесо зылди хӕстӕг хъӕутыл ӕмӕ ахуыр кодта адӕмы.


Йесо зылди сахартӕ ӕмӕ хъӕутыл ӕмӕ ахуыр кодта адӕмы. Йӕ фӕндаг дардта Йерусалиммӕ.


Сымах зонут, Хуыцау Назаретаг Йесойы кӕй схайджын кодта Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ хъаруйӕ. Йесо цыди ӕмӕ алы ран дӕр арӕзта хорз хъуыддӕгтӕ, дзӕбӕх кодта хӕйрӕджджынты, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йемӕ уыд.


Израилӕгтӕ, байхъусут, Назаретаг Йесойы тыххӕй уын цы зӕгъдзынӕн, уымӕ: Хуыцау Ӕй кӕй рарвыста, ууыл дзурӕг сты, уӕ цӕстыты раз Хуыцау Йӕ фӕрцы цы стыр хъуыддӕгтӕ, диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ равдыста, уыдон.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ