Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Матфей 8:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Уымӕн ӕмӕ ӕз дӕр кӕйдӕр дӕлбар дӕн, ӕмӕ мӕ дӕлбар дӕр ис ӕфсӕддонтӕ. Иуӕн дзы фӕзӕгъын: „Ацу уырдӕм“, ӕмӕ ацӕуы; иннӕмӕн: „Ардӕм рацу“, ӕмӕ ӕрбацӕуы; мӕ цагъарӕн фӕзӕгъын: „Уый бакӕн“, ӕмӕ йӕ бакӕны».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Матфей 8:9
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

арт ӕмӕ их, мит ӕмӕ мигъ, Йӕ ныхас ӕххӕстгӕнӕг уаддымгӕ,


Йесо уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд, Йӕ фӕдыл чи цыди, уыдонӕн, дисгӕнгӕйӕ, загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: суанг Израилы дӕр Ӕз ахӕм уырнындзинад никӕмӕ федтон.


Сӕдӕйыхицау Ын афтӕ: «Хицау, ӕз уый аккаг нӕ дӕн, ӕмӕ Ды мӕ хӕдзары къӕсӕрӕй бахизай. Фӕлӕ ӕрмӕст Дӕ дзыхӕй ныхас рацӕуӕд, ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнӕг сдзӕбӕх уыдзӕн.


Адӕм иууылдӕр дисы бафтыдысты ӕмӕ кӕрӕдзийы фарстой: «Уый цы уа? Уый цавӕр ног ахуырад у? Барджынӕй куы дзуры, ӕмӕ Йын ӕнӕзӕгъинӕгтӕ дӕр Йӕ бардзырд куы ӕххӕст кӕнынц».


Йесо йӕ цуры ӕрлӕууыд, низӕн йӕ тых басаста, ӕмӕ рынчын сдзӕбӕх ис. Уыйадыл сылгоймаг сыстади ӕмӕ сын лӕггад кӕнын райдыдта.


Уымӕн ӕмӕ ӕз мӕхӕдӕг дӕр дӕлбар лӕг дӕн, ӕмӕ мӕ дӕлбар дӕр ис ӕфсӕддонтӕ. Иуӕн дзы фӕзӕгъын: „Ацу уырдӕм“, ӕмӕ ацӕуы; иннӕмӕн: „Ардӕм рацу“, ӕмӕ ӕрбацӕуы. Мӕ цагъарӕн фӕзӕгъын: „Уый бакӕн“, ӕмӕ йӕ бакӕны».


Йесо фӕсидти Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ ӕмӕ сын радта тых, цӕмӕй ӕппӕт дӕлимонтыл дӕр сӕ бар цӕуа ӕмӕ адӕмы дзӕбӕх кӕной сӕ низтӕй.


Цагъартӕ, алы хъуыддаджы дӕр ут уӕ зӕххон хицӕуттӕн коммӕгӕс. Зӕрдӕ балхӕнынӕн сын цӕстмӕкуыст ма кӕнут, фӕлӕ сын кусут зӕрдиагӕй, Бардарӕгӕй тӕрсгӕйӕ.


Цагъартӕн фӕдзӕхс, цӕмӕй кӕсой сӕ хицӕутты коммӕ, алы хъуыддаджы дӕр сын архайой сӕ зӕрдӕ барухс кӕныныл, фӕстӕмӕ сӕм ма дзурой,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ