32 Йесо сын загъта: «Ацӕут». Уыдон адӕмы ныууагътой ӕмӕ хуыты фӕмидӕг сты. Уӕд дзуг ӕмхуызонӕй къардиуы былӕй денджызмӕ йӕхи фехста ӕмӕ фесӕфти доны.
Уый Йын дзуапп радта: „Ӕз йе ’ппӕт пехуымпарты дзыхы фӕливӕг мон фестдзынӕн“. Ӕмӕ йын уӕд Дунедарӕг загъта, цу ӕмӕ, куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕн, самидин кӕнын дын ӕй бантысдзӕни, зӕгъгӕ.
ӕмӕ дӕлимонтӕ лӕгъстӕ кӕнын райдыдтой: «Кӕд нӕ сургӕ кӕныс, уӕд нӕ уӕртӕ уыцы хуыты дзугмӕ бауадз».
Хуыгӕстӕ удаистӕй азгъордтой, сахармӕ бацыдысты ӕмӕ алцыдӕр радзырдтой, хӕйрӕджджынты хабар дӕр ракодтой.
Йесо сын бар радта. Ӕнӕзӕгъинӕгтӕ фӕуагътой лӕджы ӕмӕ хуыты фӕмидӕг сты. Уыйадыл дзуг (уыдаид дзы иу-дыууӕ мины бӕрц) къардиуӕй денджызмӕ йӕхи фехста ӕмӕ фӕдӕлдон ис.
Дӕлимонтӕ рацыдысты уыцы лӕгӕй ӕмӕ хуыты бахызтызты. Уыйадыл уыдон къардиуӕй цадмӕ сӕхи фехстой ӕмӕ фӕдӕлдон сты.
Хуыцау рагацау куыд бауынаффӕ ӕмӕ снысан кодта, афтӕ Йӕ сымах муртаттӕгты къухӕй байтыгътат дзуарыл ӕмӕ Йӕ амардтат.
цӕмӕй сӕххӕст кӕной, Дӕ хъомыс ӕмӕ Дӕ фӕндонӕй рагагъоммӕ нысангонд цы уыди, уый.
Уыцы мин азы куы фӕуой, уӕд сайтан уӕгъдгонд ӕрцӕудзӕн дӕлдзӕхон ахӕстонӕй ӕмӕ рацӕудзӕн, зӕххыл алы ран чи цӕры, уыцы адӕмты — Гог ӕмӕ Магогы — асайынмӕ ӕмӕ сӕ хӕстмӕ ӕрӕмбырд кӕнынмӕ; денджызы змисау уыдзысты бирӕ.