23 Йесо бӕлӕгъмӕ бахызт, ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр бахызтысты Йӕ фӕдыл.
Уалынмӕ денджыз афтӕ тынг сабухта, ӕмӕ уылӕнтӕ бӕлӕгъы сӕрты калдысты; Йесо та фынӕй уыди.
Уӕд Йесо сбадти бӕлӕгъы, ахызти фаллаг фарсмӕ ӕмӕ Йӕ райгуырӕн сахармӕ ӕрбацыд.
Уыцы бон изӕрӕй Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ахизӕм денджызы фаллаг фарсмӕ».
Ӕмӕ ӕрвыст лӕгтӕн дзуапп радта: «Цӕут ӕмӕ зӕгъут Иоаннӕн, цы федтат ӕмӕ цы фехъуыстат, уый: куырмытӕ райдыдтой уынын, къуылыхтӕ слӕууыдысты сӕ къахыл, хъотырджынтӕ сдзӕбӕх сты, къуырматӕ райдыдтой хъусын, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, мӕгуыртӕ Фарны Уац хъусынц.